Аразджытӕ ногӕй бавнӕлдтой фонтаны арӕзтадмӕ Цхинвалы: сӕ куыст сын басгӕрста премьер

© Sputnik / Наталья АйриянТеатралон фӕзуат
Театралон фӕзуат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Раздӕры нардуатон организаци Эверест нӕ сӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрдтӕ, куыст адарддӕр кодта ног компани

ЦХИНВАЛ, 26 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы театралон фӕзуатыл фонтаны арӕзтад фӕуыдзӕн фӕззӕджы ӕмбисмӕ, фехъусын кодтой аразджытӕ республикӕйы хицауады сӕрдар Пухаты Эрикӕн.

Сур фонтаны Эскиз Цхинвалы Театралон фæзуатыл   - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Сур фонтаны" ног цард: Цхинвалы сæйраг фæзуаты та бавнæлдтой арæзтадмæ

Музыкалон фонтаны арӕзтад театралон фӕзуатыл ӕрурӕдтой фехӕлдты тыххӕй, кӕцы сӕххӕст кодта раздӕры нардуатон организаци. Ныртӕккӕ куыстытӕ адарддӕр кодта "Промикс", кӕцыйы минӕвар радзырдта премьер-министрӕн арӕзтадон куыстыты тыххӕй, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Аразджытӕ фидарӕй загътой, куыстытӕ кӕй райдыдтой проектон документацимӕ гӕсгӕ, объект та ратдзысты эксплуатацийы фӕззӕджы ӕмбисмӕ.

Объекты басгӕрсты хайад райста Цхинвалы мэр Коцты Алан дӕр. Хицауады сӕрдары ныхӕстӕм гӕсгӕ, столицӕйы администраци хъуамӕ йӕ цӕст дара арӕзтады алкӕцы этапмӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0