Аланты фӕд: "Этнолагерь-2019" ӕрӕмбырд кодта ирӕтты ӕппӕт дунейӕ

© Пресс-служба комитета по молодежной политике, спорту и туризму РЮО"Этнолагерь. Аланты фӕд"
Этнолагерь. Аланты фӕд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Культурон-ахуырадон проект "Этнолагерь. Аланты фӕд"-ы дыккаг сменӕ ацӕудзӕн Хуссар Ирыстоны

ЦХИНВАЛ, 5 авг - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Ӕхсӕнадӕмон культурон-ахуырадон проект "Этнолагерь-2019"-ы V юбилейон сезоны фыццаг сменӕйы Хуссар Ирыстонӕй хайад райстой ХИПУ студенттӕ Джуссойты Диана, Батиаты Анна-Мария, Бабайты Сӕрмӕт ӕмӕ Къуылыхты Анна, радзырдтой Sputnik Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты.

Этнолагерь   - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Этнолагерь 2019": фæсарæйнаг уазджыты нывæзт Хуссар Иры

Цӕгат Ирыстоны националон ахастыты фӕдыл министрад уадзы ӕрвылазон сӕрдыгон культурон-ахуырадон курс ӕмбӕстӕгтӕн, кӕцытӕ цӕрынц фӕсарӕнты.

"Дыккаг сменӕйы хай 7-ӕй 9-ӕм августмӕ уагъд цӕудзӕн Хуссар Ирыстоны. Махмӕ ӕрцӕудзӕн къорд 31 адӕймагӕй – Сири, Турци, Франци, Нидерланды ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй", - радзырдта комитеты пресс-секретарь Гӕджиты Алла.

"Этнолагерь. Аланты фӕд"-ы программӕйы сты экскурситӕ Дзау ӕмӕ Знауыры районмӕ. Афтӕ ма проекты хайадисджытӕ бабӕрӕг кӕндзысты ӕхсӕрдзӕн "Ӕртӕ хойы", ацӕудзысты Задӕлескы хъӕумӕ ӕмӕ байхъусдзысты лекцитӕм ирӕтты музыкалон культурӕйы фӕдыл. Уымӕй дарддӕр республикӕйы уазджытӕн равдисдзысты кинонывтӕ ирӕтты историйы тыххӕй ӕмӕ ауадздзысты мастер-класттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0