Фараст хуызы: Цхинвалы ацæудзæн мыды армукъа

© Flickr / Rachael BonoanМыд
Мыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ардæм мыддарджытæ республикæйы æппæт районтæй ӕрласдзысты сæ продукци, уыдзæн дзы куыд майы мыд, афтæ ма хæххон ногист мыд дæр

ЦХИНВАЛ, 14 авг – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæйы ацæудзæн мыды армукъа. Ам бавдисдзысты мыддарды куысты аразгæ продуктты фараст хуызы, стæй ма хæххон æмæ майы мыд, фехъусын кодта Sputnik ассоциацийы бындурæвæрæг Джиоты Феликс.

Джиоты Феликс  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Феликс: ХИПУ-йы студенттæн ног стипенди

Мадзал æрфысым кæндзæн Цхинвалы Уæрæсейы рæстдинон аргъуаны кувæндоны кæрты.

"Августы кæрон аргъуаны кæрты сараздзыстæм армукъа, ардæм мыддарджытæ республикæйы æппæт районтæй ʻрласдзысты сæ продукци, уыдзæн дзы куыд майы мыд, афтæ ма хæххон ногист мыд дæр. Армукъайы самал кæнæн уыдзæн мыддарды куысты аразгæ продуктты фараст хуызæн - се ʻхсæн мыд, мыдадз, забрус, подмор æмæ æндæртæ", - загъта Джиоты Феликс.

Уый ма банысан кодта, армукъа кӕй феххуыс уыдзæн мыддарджытæн æмæ æлхæнджытæн дæр.

"Кæцыдæр мыддарджытæн сæ продукци уæй кæнын фæзын вæййы æмæ сын армукъа уыдзæн хорз фадат. Хуссар Иры та фæстаг æзты мыды армукъа никуы ацыд", - бафтыдта уый.

Мыды армукъа Хуссар Ирыстоны мыддарджыты ассоциаци уадзы Цхинвалы районы администрациимæ иумæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0