Хуссар Иры президент тӕфӕрфӕс ракодта Гергиты Валерийӕн йӕ мады мӕлӕты фӕдыл

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæГергиты Валерий
Гергиты Валерий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Йӕ цардӕй ахицӕн номдзыд режиссер Гергиты Валерийы мад

ЦХИНВАЛ, 14 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий арвыста тӕфӕрфӕстӕ дирижер Гергиты Валеримӕ йӕ мад Гергиты – Лагкуты Тамарайы мӕлӕты фӕдыл, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.

"Мӕ зӕрдӕ фӕрыст, Дӕ зынаргъ мад Лагкуты Тимофейы чызг Тамарайы мӕлӕты тыххӕй куы базыдтон, уӕд. Лагкуты Тамарайы чи зыдта, уыдон ӕй иууылдӕр нымадтой хӕлар ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймагыл. Йӕ фӕрцы дуне федта номдзыд дирижеры", - дзырдӕуы тӕфӕрфӕсы.

Газет "Слово" куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Гергиты Валерийы мадӕн фӕстаг хӕрзбон загътой абон, 14 августы, Дзӕуджыхъӕуы Ленины уынгыл, 54.

Ног хабӕртты лентӕ
0