Хӕстон ӕмбалад сфидар кӕныны тыххӕй: Шойгу схорзӕхджын кодта курсантты Хуссар Ирӕй

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæШойгу схорзӕхджын кодта курсантты Хуссар Ирӕй
Шойгу схорзӕхджын кодта курсантты Хуссар Ирӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны командӕ фыццаг хатт хайад райста АрМИ-йы

ЦХИНВАЛ, 16 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады командӕ бацахста цыппӕрӕм бынат конкурс "Десантон взвод"-ы Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтыты (АрМИ-2019), фехъусын кодта республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы хистӕр Чехойты Инга.

"Командӕйы хайадисджытӕ – Маргеловы номыл Рязаны уӕлдӕр уӕлдӕфон-десантон командон ахуыргӕнӕндоны курсанттӕ Бӕззаты Алан ӕмӕ Тыджыты Арсен архайдтой категорийы "Команды не в полном составе". Ацы категорийы Бӕззаты Аланы банымадтой иууыл хуыздӕр ӕхсӕгыл. Афтӕ ма командӕ ссис уӕлахиздзау номинацийы "Сильные духом", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

АрМИ-2019 фӕстиуджытӕм гӕсгӕ Хуссар Ирыстоны курсантты УФ Хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕг, ӕфсады инӕлар Сергей Шойгуйы барамындӕй схорзӕхджын кодтой майдантӕй "Хӕстон ӕмбалад сфидар кӕныны тыххӕй".

Хуссарирыстойнаг курсанттӕ райстой УФ МХМ Краснодайраг университеты дипломтӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг курсанттӕ райстой УФ МХМ Краснодайраг университеты дипломтӕ

Ерыстӕ иууылдӕр, кӕцыты хайад истой хуссарирыстойнаг курсанттӕ, уагъд цыдысты Псковы. "Десантон взвод" конкурсы фӕлгӕтты ерысты уыдысты марш-бросок 10 километрмӕ, цӕлхдурты сӕрты ахизын, биатлон ӕхсынимӕ, ерысӕй дугъ хӕстон хӕдтулгӕтыл ӕмӕ ӕндӕртӕ.

V Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтытӕ байгом сты ӕртыккаг августы Мӕскуыйы цур парк "Патриот"-ы ӕмӕ балхынцъ уыдзысты 17 августы. Хуссар Ирыстоны командӕ фыццаг хатт хайад райста АрМИ-йы. Иумӕйагӕй конкурсы хайад райстой 400 ӕфсӕддоны 21 командӕйы сконды. Категори "Команды в полном составе"-йы сконды уӕлахиздзау ссис Уӕрӕсе.

Ног хабӕртты лентӕ
0