Хуссар Иры фехъусын кодтой иууыл ӕнтыстджындӕр сӕудӕджерадон куыстуаттӕ

© Сайт правительства РЮОХуссар Иры фехъусын кодтой иууыл ӕнтыстджындӕр сӕудӕджерадон куыстуаттӕ
Хуссар Иры фехъусын кодтой иууыл ӕнтыстджындӕр сӕудӕджерадон куыстуаттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицауады рабадты рӕстӕджы ӕркастысты ӕхсӕрдӕс куыстуаты хыгъдлӕвӕрдтӕ ӕмӕ нывӕзтытӕм, кӕцытӕй хорзыл банымадтой ӕрмӕстдӕр цыппары, аннӕты аздӕхтой бакуыстмӕ

ЦХИНВАЛ, 23 авг — Sputnik. 2018 азы иууыл фылдӕр ӕфтиаг ӕрхастой Хуссар Ирыстоны цыппар сӕудӕджерадон куыстуаты - "Бӕгъиаты завод", "Арӕзтадон ӕрмӕджыты завод", "Югосетнефтепродукт" ӕмӕ "Цхинвалы бӕгӕны ӕмӕ дыргъты доны завод", банысан кодтой Паддзахадон унитарон куыстуӕтты архайдмӕ цӕстдарды фӕдыл Ӕхсӕнуагдонон къамисы рабадты хайадисджытӕ, кӕцы ацыд цыппӕрӕмы Цхинвалы.

Бӕгъиаты завод ӕмӕ Цхинвалы Хъӕды комбинатмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы модернизаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Бӕгъиаты" завод ӕмӕ Цхинвалы Хъӕды комбинатмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы модернизаци

Хицауады пресс-службӕйы хъусинагмӕ гӕсгӕ, рабадтыл, цы ран хайад истой профилон министрӕдтӕ ӕмӕ уагдӕтты разамонджытӕ, афтӕ ма районон администрациты сӕргълӕуджытӕ, ӕркастысты паддзахадон унитарон куыстуӕтты хыгъдлӕвӕрдтӕм 2018 азы архайды тыххӕй ӕмӕ сӕ финансон-хӕдзарадон архайды нывӕзтытӕм 2019 азы.

"Республикӕйы иууыл рагондӕр сӕудӕджерадон объекттӕй иу – Цхинвалы бӕгӕныйы завод – 2019 азы рахызт стабилон ӕмвӕзадмӕ ӕмӕ фыццаг хатт равдыста ӕфтиаг. Ацы аз куыстуат нывӕнды райсын продукцийы реализацийӕ 10 милуан сомы, уый 600 проценты фылдӕр у ивгъуыд ӕртӕ азмӕ абаргӕйӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма схызтысты "Югосетнефтепродукт"-ы ӕфтиӕгтӕ дӕр, уыдоны сыгъдӕг ӕфтиаг 2018 азы уыд 4 милуан 418 мин сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0