Цӕст дарын ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ боныгъӕдмӕ: премьер радта рекомендацитӕ аразджытӕн Къуайсайы

© Сайт правительства РЮОПремьер радта рекомендацитӕ аразджытӕн Къуайсайы
Премьер радта рекомендацитӕ аразджытӕн Къуайсайы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар бабӕрӕг кодта объекттӕ, кӕцытӕ арӕзт цӕуынц горӕт Къуайсайы Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты

ЦХИНВАЛ, 6 сен - Sputnik. Хицауады сӕрдар Пухаты Эрик кусӕгон балцы рӕстӕджы горӕт Къуайсамӕ радта рекомендацитӕ аразджытӕн, цӕмӕ сӕ цӕст дарой ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ боныгъӕдмӕ. Хицауады пресс-службӕйы кусӕг куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй, премьер-министр райгонд баззад объекттыл куыстытӕй, кӕцытӕ арӕзт цӕуынц 2019 азы Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты.

Хуссар Иры хицауады сӕрдар бабӕрӕг кодта арӕзтадон объекттӕ Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауады сӕрдар бабӕрӕг кодта арӕзтадон объекттӕ Цхинвалы

Хицауады сӕрдар бабӕрӕг кодта Хетӕгкаты Къостайы уынг, кӕцыйы хӕрзарӕзтад нывӕндынц балхынцъ кӕнын октябры.

"Ныртӕккӕ арӕзт цӕуынц хӕрзарӕзтадон куыстытӕ. Проекты аргъ у 30 милуан соммӕ ӕввахс", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма Пухаты Эрик бабӕрӕг кодта "Везур-Къуайса" донифтонгады станц, кӕцыйӕ нуазыны дон цӕуы горӕтмӕ ӕмӕ ӕввахс цӕрӕг пункттӕм. Объект хъуамӕ сцалцӕг кӕной, саразой дзы резервуартӕ, афтӕ ма ссыгъдӕг кӕной фӕндаг, кӕцы цӕуы доны станцмӕ.

Станцыл куыстытӕ уагъд цӕуынц хорз темпты, объекты арӕзтады аргъ у ӕхсӕз милуан сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0