Императрицӕйы уынаффӕ: Медойты Дмитрий Ирыстоны фыццаг бастдзинӕдты тыххӕй Уӕрӕсеимӕ

© Sputnik / Б.Манушин /  Ахизын медиабанкмæИмператрицӕ Елизавета
Императрицӕ Елизавета - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстойнаг-уӕрӕсейаг ахастытӕ райдыдтой цалынмӕ политикон картӕйыл ныры егъау паддзахадтӕ фӕзындысты, уӕдмӕ, банысан кодта дипломатон уагдоны сӕргълӕууӕг

ЦХИНВАЛ, 9 сен – Sputnik, Козаты Диана. Санкт-Петербурджы октябры ацӕудзысты мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты Уӕрӕсейы фыццаг ирон минӕварадыл 270 азы сӕххӕстӕн, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий.

Sputnik пресс-центры ацыд пресс-конференци, цы ран хайад райстой уӕрӕсейаг минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов ӕмӕ республикӕйы ФХМ сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий. Журналисттимӕ фембӕлд нывонд уыд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныныл 11 азы сӕххӕсты цытӕн.

"Уый у ахсджиаг датӕ – 270 азы сӕххӕст фыццаг ирон минӕварады куысты райдыдыл Санкт-Петербурджы. Фӕнды мӕ зӕгъын, уый кӕй нӕ уыд ӕрмӕстдӕр ӕппӕтирон уанелы скъуыддзаг, кӕцы равзӕрста ирон ӕхсӕнадты цытджын минӕвӕртты. Уый уыд уӕрӕсейаг паддзахады сӕргълӕууӕг – императрицӕ Елизаветайы скъуыддзаг. Уый уыд барамынд, цӕмӕй райсой ирон минӕвӕртты Петербурджы", - загъта Медойты Дмитрий.

© Sputnik / Наталья АйриянМедойты Дмитрий
Императрицӕйы уынаффӕ: Медойты Дмитрий Ирыстоны фыццаг бастдзинӕдты тыххӕй Уӕрӕсеимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Медойты Дмитрий

Министр банысан кодта, ацы факттӕ кӕй фидар кӕнынц архивон документтӕй. Медойты Дмитрийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый куыста Уӕрӕсейаг империйы ӕддагон политикӕйы архивы, цы ран ацы темӕйы тыххӕй ис бирӕ документтӕ.

Марат Кулахметов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейы минӕвар радзырдта, Хуссар Иримӕ ӕмгуыстад кӕй фидар кӕны

"Мах фидарӕй дзурӕм, ирыстойнаг-уӕрӕсейаг ахастытӕ райдыдтой, цалынмӕ политикон картӕйыл ныры егъау паддзахадтӕ фӕзындысты, уӕдмӕ. Нӕ бӕстӕты хсӕн ахастытӕн ис фидар бындур", - бахахх кодта Медойты Дмитрий.

Министр банысан кодта, ацы датӕ кӕй нывӕндынц банысан кӕнын Санкт-Петербурджы октябры. Уый фӕдыл дыууӕ боны дӕргъы уагъд цӕудзысты мадзӕлттӕ.

Уӕрӕсе банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад 2008 азы 26 августы. Дыууӕ къуырийы фӕстӕ Цхинвал ӕмӕ Мӕскуы сфидар кодтой дипломатон ахастытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0