Цхинвалы ацæудзæн Президенты кубок рамбулыны сæраппонд турнир армспортæй

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæЦхинвалы ацæудзæн Президенты кубок рамбулыны сæраппонд турнир армспортæй
Цхинвалы ацæудзæн Президенты кубок рамбулыны сæраппонд турнир армспортæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы бон тохты бацæудзысты хæдахуыр æрмхæцджытæ, тæрхонгæнджытæй ралæудзысты Хуссар Иры номдзыд армрестлертæ

ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæйы фыццаг хатт ацæудзысты æппæтреспубликон ерыстæ армрестлингæй Президенты кубок рамбулыны сæраппонд. Республикæйы бон тохты бацæудзысты хæдахуыр æрмхæцджытæ, тæрхонгæнджытæй ралæудзысты Хуссар Иры номдзыд армрестлертæ, фехъусын кодта Sputnik горæты администрацийы культурæ, фæсивæд æмæ спорты управленийы хистæр Тасойты Игорь.

Хуссарирыстойнаг армрестлер рамбылдта Европæйы чемпионат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг армрестлер рамбылдта Европæйы чемпионат

Ерысты уæлахиздзау райсдзæн Президенты кубок, æхцайы преми æмæ зæрдылдарæн лæвар. Ерысты хайад райсыны бар ис æппæтæн дæр 16 азы карæй уæлæмæ.

"Фыццаг хатт уадзæм Хуссар Иры президенты Кубок. Тохтæ цæудзысты æнæ кары æмæ уæзы арæнтæй. Президенты кубокы хицау бауыдзæн ерысты абсолютон чемпион. Нæ республикæйы зындгонд армрестлертæ та суыдзысты мадзалы цытджын уазжытæ æмæ тæрхонгæнджытæ", - загъта Тасойты Игорь.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, развæлгъау банымадмæ гæсгæ ерысты архайджыты нымæц ахизæн 40 адæймагæй.

"Ацы мадзалæй мах сног кæндзыстæм æрмхæсты ерыстæ уадзыны традици, стæй ма уый ахъаз уыдзæн ацы спорты популяризацияйæн. Спортивон мадзал цадæггай ахиздзæн культуронмæ - концерт бацæттæ кæндзæн горæты администрацийы культурæйы управлени", - бафтыдта уый.

Турнир æрфысым кæндзæн культурæйы хæдзар 20 сентябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0