Хуссар Иры хицауад æххуысхъуаг адæмæн рахицæн кодта милуан сомæй фылдæр

© Sputnik / Владимир Трефилов /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æхца
Уæрæсейаг æхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы хицауад æрвылмæй дæр фæдары æххуысы къух æмбæстæгтæм, кæцытæ бахаудысты уæззау цардуагон уавæрты

ЦХИНВАЛ, 10 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад августы рахицæн кодта 1,2 милуан соммæ æввахс 109 тыхст адæймагæн адресон æххуысæн, фехъусын кодта хицауады пресс-службæйы минæвар Дзудцаты Тамара.

Хицауады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, I æмæ II группæты фондз инвалидæн рахицæн æрцыд 65 мин сомы. 15 инвалиды сабибонтæй фæстæмæ та райстой иумæйагæй 150 мин сомы. Социалон службæтæ 600 мин сомы онг байуæрстой 53 бирæсывæллонджын бинонтыл, 12 фæмардуæвæджы бинонтыл та адих кодтой 120 мин сомы.

Уымæй дардæр ма 10 æххуысхъуаг бинонтæ райстой фæйнæ11 мин сомы, фæйнæ 10 мин сомы та радтой сидзæртæн.

Афтæ ма æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад рахицæн кодта 20 мин сомы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветераны зиан бавæрынæн. Ноджы ма 25 мин сомы та рахицæн æрцыд æндæр алыгъуызон хæрдзтæн.

Зын цардуагон уавæрты бахауæг æмбæстæгтæн адресон æххуыс конд цæуы республикæйы хицауады барамындæй 2015 азы октябрæй фæстæмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0