Ӕмбӕлон кусӕгон процесс: Игорь Кошин саргъ кодта Инвестпрограммӕйы реализацийӕн

© Sputnik / Наталья АйриянИгорь Кошин
Игорь Кошин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министры хӕдивӕг Игорь Кошин йӕ балцы фӕлгӕтты Хуссар Ирыстонмӕ хайад райста Инвестпрограммӕйы реализацийы фӕдыл рабадты

ЦХИНВАЛ, 11 сен – Sputnik, Козаты Диана. Инвестицион программӕйы реализаци, Уӕрӕсеимӕ социалон-экономикон ӕмгуыстады фарстытӕ ӕмӕ УФ Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министрады делегацийы кусӕгон балцы фӕстиуджыты тыххӕй ӕрдзырдтой рабадтыл, кӕцы дыццӕджы ауагъта Бибылты Анатолий.

Хуссар Иры хицауады сӕрдар бабӕрӕг кодта арӕзтадон объекттӕ Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры хицауады сӕрдар бабӕрӕг кодта арӕзтадон объекттӕ Цхинвалы

Цхинвалмӕ знон ӕрцыд Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министры хӕдивӕг Игорь Кошин ӕмӕ министрады ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстады департаменты хистӕр Антон Мельник. Уыдон бабӕрӕг кодтой столицӕйы цалдӕр арӕзтадон объекты, фембӕлдысты президентимӕ ӕмӕ хайад райстой кусӕгон рабадты.

Президенты пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Бибылты Анатолий загъта уыдонӕн бузныг сӕ хъусдарды тыххӕй Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзтмӕ.

"Уырны мӕ, инвестицион программӕ реализаци кӕй цӕуы хорз ӕмвӕзадыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ис дзы фарстытӕ, кӕцытӕ хъӕуы аскъуыддзаг кӕнын, фӕлӕ уыдон нӕ бандавдзысты Инвестпрограммӕ сӕххӕст кӕныны фӕстиуӕгыл", - загъта президент.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, объекттӕ сты ахсджиаг. Цӕвиттонӕн президент ӕрхаста гуырӕн хӕдзар, кӕцыйӕн ис бӕрзонд техникон ӕмӕ инженерон ӕмвӕзад.

Игорь Кошин банысан кодта, Инвестпрограммӕмӕ хъусдард ӕххӕст кӕй цӕуы иудадзыг.

"Фарон азӕй фӕстӕмӕ нӕ ӕмархайд рахызт ног ӕмвӕзадмӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы ис дзы объекттӕ, кӕцыты ис фиппаинӕгтӕ. Фӕлӕ уый у ӕмбӕлон кусӕгон процесс. Иууыл ахсджиаг дӕр у уый ӕмӕ хицауады сӕрдар ӕрвылкъуыри йӕ цӕст дары арӕзтадмӕ", - банысан кодта министры хӕдивӕг.

Афтӕ ма Игорь Кошин радзырдта, Хуссар Ирыстонмӕ балцы фӕлгӕтты кӕй бабӕрӕг кодта Инвестицон программӕйы объекттӕ, кӕцыты хсӕн рахицӕн кодта гуырӕн хӕдзары ног агъуыст.

"Ахӕм объекттӕ Уӕрӕсейы дӕр бирӕ нӕй. Кӕд йӕ баконд бандава республикӕйы демографион уавӕрыл, уӕд махӕн уый уыдзӕн ӕхсызгон", - загъта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0