Культурӕйы министрады схорзӕхджын кодтой Хуссар Иры адӕмон артистты

© facebook/Эллада ОвакимянУанеты Ӕхсар ӕмӕ Бибылты Сослан
Уанеты Ӕхсар ӕмӕ Бибылты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы аз Хуссар Ирыстоны адӕмон артисттӕ Уанеты Ӕхсар ӕмӕ Бибылты Сослан банысан кодтой юбилейтӕ

ЦХИНВАЛ, 11 сен – Sputnik. Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрады схорзӕхджын кодтой зӕрдылдарӕн ӕвзист згъӕрӕхцатӕй "Церковь Святого Великомученика Георгия Победоносца" республикӕйы адӕмон артистты Уанеты Ӕхсар ӕмӕ Бибылты Сосланы. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта культурӕйы министр Зассеты Жанна.

Ацы аз дыууӕ артист дӕр банысан кодтой юбилейтӕ. Уый фӕдыл культурӕйы министр бафарста артисттӕн сӕрмагонд арфӕтӕ ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта сфӕлдыстадон ӕнтыстытӕ.

© facebook/Эллада ОвакимянЗӕрдылдарӕн ӕвзист згъӕрӕхца "Церковь Святого Великомученика Георгия Победоносца"
Культурӕйы министрады схорзӕхджын кодтой Хуссар Иры адӕмон артистты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зӕрдылдарӕн ӕвзист згъӕрӕхца "Церковь Святого Великомученика Георгия Победоносца"

Зассеты Жанна банысан кодта, Уанеты Ӕхсары куыстытӕ иууылдӕр уыдысты алкӕцы спектаклы иууыл цымыдисондӕр хӕйттӕ.

Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Бибылты Сослан рагӕй балхӕдта хуссарирыстойнаг кӕсджыты зӕрдӕтӕ. Йӕ хъӕздыг сфӕлдыстадон архайды рӕстӕджы уый сӕххӕст кодта бирӕ алыгъуызон фӕлгонцтӕ куыд театр, афтӕ кинойы дӕр.

"Уымӕ ис бирӕ тыхтӕ, ног хъӕппӕристӕ ӕмӕ фадӕттӕ, ӕмӕ мах нырма бирӕ ӕзты цин кӕндзыстӕм йӕ сфӕлдыстадыл", - бафтыдта Зассеты Жанна.

Ног хабӕртты лентӕ
0