Балцы фӕстиуджытӕ: Сирийы базайрӕгтӕ фӕзындзысты Хуссар Иры

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстон ӕмӕ Сирийы тырысатӕ
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сирийы тырысатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы ӕввахс рӕстӕджы байгом уыдзӕн Сириаг Арабаг республикӕйы базарадон хӕдзар

ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстоны бизнесменты делегаци бабӕрӕг кодта Дамаскаг армукъа – националон продукцийы дунейы иууыл рагондӕр ӕмӕ егъаудӕр равдысттӕй иу. Балцы фӕстиуджыты тыххӕй Sputnik пресс-центры радзырдта Хуссар Ирыстоны экономикон райрӕзты министр Бекъойты Геннадий.

Бекъойты Геннадийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Сирийы экономикӕ ӕмӕ ӕддагон базарады министр Самер Аль Халилимӕ бафыстой бадзырд базарадон хӕдзӕртты баконды фӕдыл Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сирийы. Ацы бадзырдмӕ гӕсгӕ дыууӕ бӕстӕйы дӕр бакӕндзысты сӕрмагонд базарадон павильонтӕ националон продукциимӕ.

"Ацы этапыл махӕн нӕ бон у бавдисын Сиримӕ нӕ дон. Нозты продукцийы тыххӕй ницы ис гӕнӕн зӕгъӕн", - загъта Бекъойты Геннадий.

© Sputnik / Наталья АйриянБекъойты Геннадий
Балцы фӕстиуджытӕ: Сирийы базайрӕгтӕ фӕзындзысты Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бекъойты Геннадий

Экономикон райрӕзты министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, Дамаскаг армукъа бӕстӕйы уавӕрмӕ нӕкӕсгӕйӕ уыд активон. Равдысты хайад райстой 48 бӕстӕйы амалиуӕггӕнджытӕ.

Хуссар Ир æмæ Сири æруынаффæ кодтой дипминæварады сарæзтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир æмæ Сири æруынаффæ кодтой дипминæварадты сырæзтыл

"Ацы фӕзуатыл бавдыстой сириаг базайрӕгтӕ дӕр – хойраджы продукци, электроифтонгад", - банысан кодта министр.

Афтӕ ма уый бафтыдта, Сири ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн кусӕгон бастдзинӕдтӕ сфидар кӕныны нысаниуӕгӕн кӕй хъӕуы ӕрбаздахын егъау ирон диаспорӕ, кӕцы рагӕй фӕстӕмӕ цӕры арабаг республикӕйы.

Дамаскаг ӕхсӕнадӕмон армукъа у националон продукцийы дунейы иууыл рагондӕр ӕмӕ егъаудӕр равдысттӕй иу. 2017 азы армукъа сног кодта йӕ куыст фондзазон фӕурӕды фӕстӕ. Хуссар Ирыстоны делегаци фыццаг хатт хайад райста Дамаскаг ӕхсӕнадӕмон базарадон армукъайы 2018 азы.

Сири 2018 азы 29 майы фехъусын кодта Абхаз æмæ Хуссар Иры банымады тыххæй. Сирийы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Валим Муаллем ӕмӕ Медойты Дмитрий  бафыстой дыууӕ паддзахады хсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныны фӕдыл бадзырд 2018 азы июлы.

Ног хабӕртты лентӕ
0