Хуссар Ирыстоны скуыста банкон картæ "Мир"

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæКартæ "Мир"
Картæ Мир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Картæ "Мир" у, Уæрæсейы алы къуымты дæр алыгъуызон бангон ахыгъдтæ кæй фæрцы ис саразæн, ахæм системæ. Кæд Уæрæсейы цалдæр азы архайынц ацы картæйæ, уæддæр Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы уыдон фæзындысты æрæджы.

ЦХИНВАЛ, 17 сен - Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны скуыста банкон картæ "Мир", фехъусын кодта Sputnik республикæйы национ банчы сæрдар Зассеты Феликс.

Хуссар Ирыстоны бирæ ис æндæр республикæтæй æрцæуæггаг адæм, уыдон-иу арæх бахъуыд æхцайы фæрæзтæ ахынцыны сæр, науæд та æндæр бангон операцитæ саразыны тыххæй ахыгъдтæ саразын. Цæмæй уавæр фæрогдæр уыдаид, уый тыххæй РХИ-йы национ банчы сæрдар бадзырдтæ уагъта Уæрæсейы Федерацийы картæты национ системæйы директор Владимир Комлевимæ.

"Ацы фарст æвæрццагæй аскъуыддзаг кæнын хуымæтæг нæ уыд. Бирæ фембæлдтæ æмæ баныхæсты фæстæ дыууæ фарс бакуыстой къорд фарстатыл æмæ ныр скуыста уыцы системæ нæ республикæйы дæр", - загъта Зассеты Феликс.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы æвæрд æрцыд авд банкоматы системæ "Мир"-æн. Уыдонæй фондз банкоматы ис горæты: Хицауады хæдзары цур, Æфснайæн банчы, Республикон соматикон рынчындоны, БАМ-ы микрорайоны, Ленины уынджы кæрон базар "Солнечный"-йы. Афтæ ма республикæйы районты центры - Знауыр, Ленингор æмæ Дзауы.

ДАР ӕмӕ РХИ - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ ӕмӕ ДАР фӕнд кӕнынц банчы фадыджы ӕмгуыстад срӕвдз кӕнын

"Ацы банкоматтæ фадат дæттынц ахыгъдты æмæ бафыстытæ Уæрæсейы алыран дæр æххæст кæнынæн. "Мир" картæтæй райсæн кæнæ бавæрæн ис æхцатæ. Уыдонæй æнцонæй гæнæн ис Уæрæсейы алыранмæ дæр æхца арвитæн, товартæ æмæ лæггæдты аргъ бафидын", - бафтыдта банчы директор.

Зассеты Феликс ма ныфс бавæрдта, зæгъгæ, системæ "Мир"-ы разамынад кусы, цæмæй сæ уавæртæ ноджыдæр фæуæрæхдæр кæной æмæ географион æгъдауæй та фылдæр бæстæтимæ æмгуыст кæной.

Уæрæсейы "Мир" арæзт æрцыд 2014 азы. Уæдмæ УФ-йы территорийыл архайдтой бангон системæтæ "Visa" æмæ "Master Card", фæлæ ацы кредитон картæтæ бахаудтой Ныгуылæн санкциты бын. Цæмæй Уæрæсейы финансон системæйæн æдасдзинад ифтонг æрцыдаид æмæ банджы клиенттæ та финансон операцитæ аразыны рæстæджы хъахъхъæд цыдаиккой фидар фæрæзтæй, уый тыххæй уыд картæ "Мир"-ы сырæзты нысан.

Йæ оператор у акционерон æхсæнад "Национальная система платежных карт". Йæ акциты 100 проценты сты Уæрæсейы Централон банчы. Ацы картæтæ куы сарæзтой, уæдæй нырмæ проектты реализацийы хайад райстой Уæрæсейы 374 национ банчы. Ныртæккæ Уæрæсейы архайы 30 милуан картæйы бæрц.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0