Экономикӕйы министрад фехъусын кодта астӕуккаг мызд Хуссар Иры ӕмӕ йӕ рӕзыны темптӕ

© Sputnik / Владимир Трефилов /  Ахизын медиабанкмæЭкономикӕйы министрад фехъусын кодта астӕуккаг мызд Хуссар Иры ӕмӕ йӕ рӕзыны темптӕ
Экономикӕйы министрад фехъусын кодта астӕуккаг мызд Хуссар Иры ӕмӕ йӕ рӕзыны темптӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдон фехъусын кодта республикӕйы социалон-экономикон райрӕзты фӕстиуджытӕ 2019 азы фыццаг хайы, се хсӕн цӕрджыты ӕфтиӕгтӕ ӕмӕ куысты бӕрӕггӕнӕнтӕ

ЦХИНВАЛ, 18 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны атӕуккаг мызд фыццаг ӕрдӕг азы фӕфылдӕр 100 проценты 2018 азы аналогион бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, фехъусын кодта ӕртыццӕджы республикӕйы хицауады пресс-службӕйы минӕвар Дзуццаты Тамара экономикӕйы министрады хыгъдлӕвӕрдыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

Хуссар Иры ахуырады министрад радзырдта хъӕуты куысты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фылдӕр мызд ӕмӕ хӕрдзты компенсаци: Хуссар Иры ахуырады министрад хъӕуты куысты тыххӕй

Уагдон фехъусын кодта республикӕйы социалон-экономикон райрӕзты фӕстиуджытӕ 2019 азы фыццаг хайы, кӕцытӕм гӕсгӕ бӕрӕг сты экономикӕйы хорз тенденцитӕ.

"Ацы азы ӕхсӕз мӕйы фӕстиуджытӕм гӕсгӕ астӕуккаг мызд у 17,3 мин сомы, 2019 азы январь-июнь периоды астӕуккаг мызды рӕзыны темп 2018 азы аналогион бӕррӕггӕнтӕм гӕсгӕ у 104,9 проценты", - дзырдӕуы хыгъдлӕвӕрды.

Афтӕ ма 2019 азы январь-июнь периоды фӕллойады базарӕн ис хорз динамикӕ. 2019 азы январь-июнь периоды ӕгуыст гоймӕгты нымӕц фӕкъаддӕр иу мин адӕймаджы. Цӕрджыты фӕллойады хайады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ ӕгуыст гоймӕгты номхыгъдты ис 1,1 мин адӕймагӕй фылдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0