Ӕцӕг патриотты бӕрӕгбон: Бибылты Анатолий раарфӕ кодта республикӕйӕн Тырысайы боны цытӕн

© Sputnik / Наталья АйриянПаддзахадон тырыса
Паддзахадон тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны цыппӕрӕмы, 19 сентябры, нысан кӕнынц падзахадон бӕрӕгбонтӕй иу – республикӕйы Тырысайы бон

ЦХИНВАЛ, 19 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырыса у национ иудзинад, Фыдыбӕстӕйӕн иузӕрдыгдзинад ӕмӕ разагъд цауты мысӕны символ, фехъусын кодта республикӕйы прездент Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы.

Ӕфсӕддон парад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Автозгъорд ӕмӕ ӕфсӕддон парад: куыд банысан кӕндзысты Хуссар Иры сентябры бӕрӕгбӕттӕ

"Паддзахадон тырысайы бон у ӕцӕг патриотты бӕрӕгбон, кӕцы хъахъхъӕдтой республикӕ, размӕ кӕнынц ӕмӕ кусынц сӕ Фыдыбӕстӕйы хӕрзӕбонӕн. Ацы тырысайы раз ард хордтой ӕмӕ цыдысты тохмӕ сӕ Ирыстоны тыххӕй ӕмӕ йемӕ цин кодтой уӕлахизыл", - дзырдӕуы арфӕйы тексты президенты сайтыл.

Афтӕ ма Бибылты Анатолий банысан кодта, ирон тырыса кӕй зонынц ӕппӕт дунейы – уый фӕйлаудта дунейы хӕххон бӕрзӕндтыл ӕмӕ спортивон аренӕтыл, цы ран ӕмбылдтой ирон богалтӕ.

"Тырысайы хуызты – урс, сырх ӕмӕ буры - конд сты нысаниуӕгджын хъуыдытӕ ӕмӕ принциптӕ: фӕткон сыгъдӕгдзинад ӕмӕ уӕздадзинад, хъӕбатырдзинад ӕмӕ ӕхсардзинад, хъӕздыгдзинад ӕмӕ бӕркад", - бахахх кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг.

Уымӕй дарддӕр президент фидарӕй загъта, тырыса кӕй суыдзӕн Хуссар Ирыстоны хӕрзӕбоны символ.

Ног хабӕртты лентӕ
0