Уазджыты зӕрдӕмӕ фӕцыд: Хуссар Иры премьер раппӕлыд Республикӕйы бӕрӕгбоны ӕмвӕзадӕй

© Sputnik / Наталья Айриян Республикӕйы бон
Республикӕйы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри банысан кодтой дыууӕ ахсджиаг паддзахадон бӕрӕгбоны – Паддзахадон тырысайы бон ӕмӕ Республикӕйы бон. Уыдон цытӕн республикӕйы уагъд цыдысты егъау мадзӕлттӕ, се хсӕн ӕфсӕддон парад ӕмӕ бӕгӕныйы фестиваль

ЦХИНВАЛ, 24 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик загъта бузныг культурӕйы министр Зассеты Жаннайӕн ӕмӕ Республикӕйы бӕрӕгбоны организатортӕн мадзӕлтты бӕрзонд ӕмвӕзады тыххӕй, фехъусын кодта президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕйы кусӕг Дзуццаты Тамара.

"Зассеты Виссарионы чызг Жанна, фӕнды мӕ бузныг зӕгъын дӕуӕн активон ӕмӕ егъау куысты тыххӕй. Бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ иууылдӕр ацыдысты бӕрзонд организацион ӕмвӕзадыл, уыдон фӕцыдысты уазджыты зӕрдӕмӕ", - загъта хицауады сӕрдар культурӕйы министримӕ фембӕлды рӕстӕджы.

© Пресс-служба правительства РЮО РХИ хицауады сӕрдар Пухаты Эрик культурӕйы министр Зассеты Жаннаимӕ фембӕлды рӕстӕджы
Уазджыты зӕрдӕмӕ фӕцыд: Хуссар Иры премьер раппӕлыд Республикӕйы бӕрӕгбоны ӕмвӕзадӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
РХИ хицауады сӕрдар Пухаты Эрик культурӕйы министр Зассеты Жаннаимӕ фембӕлды рӕстӕджы

Пухаты Эрик бахахх кодта, кӕй нывӕнды дарддӕр кусын Зассеты Жаннаимӕ ӕндӕр нысаниуӕгджын датӕтӕм цӕттӕкӕнынады рӕстӕджы.

"Махӕн нырма уыдзӕн нысаниуӕгджын датӕтӕ. Ныфс мӕ ис, дӕ бӕрнон ахастимӕ куыстмӕ, уыдон дӕр ацӕудзысты ӕмбӕлон ӕмвӕзадыл", - загъта хицауады сӕрдар.

Паддзахадон тырысайæн Хуссар Иры снывонд кодтой автозгъорд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахадон тырысайæн Хуссар Иры снывонд кодтой автозгъорд

Фембӕлды рӕстӕджы куыд банысан кодтой, афтӕмӕй, Республикӕйы боны цытӕн мадзӕлтты хайад райстой 200 уазӕгмӕ ӕввахс ДАР, ЛАР, Днестыргӕрон, Абхазӕй, афтӕ ма Цӕгат ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕндӕр регионтӕй.

Зассеты Жанна фехъусын кодта, министрады кӕй цӕттӕ кӕнынц мадзӕлттӕм, кӕцытӕ нывонд сты Хетӕгкаты Къостайыл 160 азы сӕххӕстӕн, афтӕ ма цӕттӕ кӕнынц ӕндӕр къӕлиндарон датӕтӕм.

Ног хабӕртты лентӕ
0