Фыццаг тыллӕг – сывӕллӕттӕн: егъау фирмӕ Хуссар Иры ауадздзӕн хӕрзаудӕн акци

© Пресс-служба посольства РЮО в РФ Фӕткъуытӕ
Фӕткъуытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕдзарад сарӕзтӕуыд ацы аз уалдзӕджы Цъунары хъӕуы. Йӕ фӕзуат у 50 гектары, цы ран сагъд сты италиаг фӕткъуыбӕлӕсты ӕртӕ сорты

ЦХИНВАЛ, 25 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны иууыл егъаудӕр дыргъы хӕдзарад аскъуыддзаг кодта раттын фыццаг тыллӕг сывӕллӕттӕ ӕмӕ хистӕр кары адӕмӕн.

"Инвесторты уынаффӕмӕ гӕсгӕ фыццаг тыллӕг ратдзыстӕм Цхинвалы интернат, ӕвӕгӕсӕг адӕмы хӕдзар "Забота"-йӕн ӕмӕ сывӕллӕтты хӕдзарӕн Ленингоры", - фехъусын кодта компани "Южный сад"-ы директор Бекъойты Леван.

Уӕрӕсейаг инвесторы фӕрӕзтӕй фӕткъуыты хӕдзарад сарӕзтӕуыд ацы аз уалдзӕджы Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Цъунары хъӕуы.

Ӕртӕ сорты фӕткъуыбӕлӕсты талатӕ ӕрластой Италийӕ ӕмӕ сӕ ныссагътой 50 гектары территорийыл. Хӕдзарады архайы 30 кусӕджы, минималон мызд та 25 мин сомы.

Экономические проекты в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыргъдӕттӕ ӕмӕ заводтӕ: цӕмӕй сӕрыстыр у Хуссар Иры экономикӕ

Дыргътӕ нывӕндынц реализаци кӕнын бынӕттон базары, афтӕ ма сӕ экспорт кӕнын Уӕрӕсемӕ.

Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий куыд банысан кодта, зӕгъгӕ, кӕд уӕрӕсейаг бизнес активон архайд кӕны Хуссар Ирыстоны базарыл ӕмӕ инвестици кӕны фӕрӕзтӕ республикӕйы экономикӕмӕ, уӕд ын арӕзт ӕрцыд ӕнцонвадат уавӕр, кӕцы фидаргонд у дыууӕварсон бадзырдты.

Уӕрӕсейы Хуссар Ирыстоны минӕвар Гасситы Знауыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы арӕзт ӕрцыдысты хорз уавӕртӕ базарадон-сӕудӕджерадон ӕмӕ хъӕууон хӕдзарадон фадгуыты райрӕзты фӕдыл инвестицион программӕты реализацийӕн.

 "Республикӕйы къухдариуӕгад уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ иумӕ ӕххӕст кӕнынц мадзӕлттӕ, кӕцыты руаджы фидар кӕны экономикон ӕмгуыстад нӕ бӕстӕты хсӕн", загъта дипломат.

Ног хабӕртты лентӕ
0