Ӕвирхъау фыдракӕнд: парламенты спикер Гуырдзыстоны провокациты тыххӕй Хуссар Иры арӕныл

© AFP 2022 / VANO SHLAMOVГуырдзиаг полици
Гуырдзиаг полици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тадтаты Алан загъта йӕ хъуыды гуырдзиаг тыхон структурӕты архайды тыххӕй, кӕцытӕ сӕвӕрдтой сӕ пост Уисты ӕмӕ Синагуры хъӕуты цур

ЦХИНВАЛ, 27 сен – Sputnik, Козаты Диана. Гуырдзыстон ӕнӕзаконон пост куы сӕвӕрдта Хуссар Ирыстоны территорийыл, уӕд ноджы иу хатт равдыста, цӕттӕ кӕй нӕу сабыр диалогмӕ, фехъусын кодта парламенты спикер Тадтаты Алан Sputnik Пресс-конференцийыл.

Хуссар Ирыстоны арӕныл уавӕры эскалаци райдыдта 23 августы, гуырдзиаг полици куы бавнӕлдта блокпосты арӕзтадмӕ Уистӕйы хъӕуы цур, уӕд. Уый фӕстӕ Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад райста мадзӕлттӕ, цӕмӕй бахъахъхъӕна йӕ арӕнтӕ. Республикӕйы генералон прокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг гуырдзиаг гарзджын тыхты ӕнӕзаконон ахизыны фӕдыл арӕны уылты.

"Уый у тынг ахсджиаг темӕ куыд мӕнӕн, афтӕ алкӕцы иронӕн дӕр. Ацы цау ноджы иу хатт равдыста Гуырдзыстоны фӕндтӕ Хуссар Ирыстоны адӕммӕ, сӕ бон кӕй нӕу ӕххӕст кӕнын бадзырдтӕ. Ӕз хъуыды кӕнын, мах кӕй хъуамӕ рахӕссӕм ацы фарст ӕркастмӕ ӕхсӕнадӕмон фӕзуӕттӕм", - загъта Тадтаты Алан.

Хуссар Иры президент фембӕлд ОБСЕ, Евроцӕдис ӕмӕ ИНО минӕвӕрттимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Комкоммӕ ӕртхъирӕн": Хуссар Иры президент фембӕлд ОБСЕ, Евроцӕдис ӕмӕ ИНО минӕвӕрттимӕ

Уый банысан кодта, республикӕйы къухдариуӕгад Женеваг дискусситы минӕвӕрттимӕ фембӕлды рӕстӕджы фехъусын кодтой сӕ позици ацы фарсты фӕдыл.

Афтӕ ма парламенты спикер банымадта ӕвирхъау цауыл Синагуры хъӕуы цур уавӕр, цы ран гуырдзиаг пост сӕвӕрдтой Хахеты хъӕуы бынаты цур. Хахеты хъӕу ацыд зӕххы бынмӕ зӕххӕнкъуысты фӕстиуӕгӕн 1990 ӕзты райдайӕны. Ӕрдзон бӕллӕхы фӕмард сты 57 адӕймаджы, кӕцыты хсӕн уыдысты скъола-интернаты хъомылгӕнинӕгтӕ.

"Ӕргомӕй дзургӕйӕ, уый у ӕвирхау цау – саразын пост адӕмы стджытыл, кӕцытӕ фесты зӕххы бын ӕрдзон бӕллӕхы рӕстӕджы Хахеты хъӕуы.Кӕй территорийыл ӕрцыд ӕрдзон бӕллӕх, уый равзардзысты сӕрмагонд къамистӕ. Фӕлӕ гуырдзиаг фарс тынг хорз зоны, посты цы бынатыл аразынц, уым гӕнӕн ис кӕй уой нӕ ӕмбӕстӕгты стӕгдартӕ", - загъта Тадтаты Алан.

Спикер бахахх кодта, зӕгъгӕ ахӕм архӕйдтытӕ нымайынц ӕвирхъау митыл ӕппӕт дунейы, сӕйраджыдӕр, Кавказы, цы ран ӕнусты цыт кодтой мӕрдты мысӕнӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0