Ӕхсӕнадӕмон турнир Дзауы рабӕрӕг кодта Ирыстоны тыхджындӕр шахматистты

© Комитет по молодежной политике, спорту и туризму РЮОӔхсӕнадӕмон турнир Дзауы рабӕрӕг кодта Ирыстоны тыхджындӕр шахматистты
Ӕхсӕнадӕмон турнир Дзауы рабӕрӕг кодта Ирыстоны тыхджындӕр шахматистты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрвылазон турниры шахматтӕй, кӕцы ссис иууыл популярондӕртӕй иу Ирыстоны, хайад райстой дӕс командӕйы

ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы балхынцъ ис Х Ӕхсӕнадӕмон турнир шахматтӕй ирон энциклопедийы автор, националон преми "Нарты фӕткъуы"-йы лауреат Челехсаты Хъазбеджы призтыл. Уый тыххӕй хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ.

Ӕвзонг шахматисткӕтӕ Ирыстонӕй рамбылдтой дунейы фыццагад Сомихы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕвзонг шахматисткӕтӕ Ирыстонӕй рамбылдтой дунейы фыццагад Сомихы

Ӕрвылазон турнир, кӕцы ссис иууыл популярондӕртӕй иу Ирыстоны, райста 10 командӕйы Ирыстоны хуссар ӕмӕ цӕгатӕй. Цӕгат Ирыстоны кад хъахъхъӕдтой шахаматисттӕ Горӕтгӕрон район, Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Алагирӕй.

"Финалон фембӕлдмӕ ахызтысты командӕтӕ, кӕцытӕ бацахстой фыццаг бынӕттӕ – уыдон сты ПТРК "ИР" ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы шахматисттӕ, кӕцыты командӕйы сконды архайдтой Теделеты хъӕуӕй рацӕугӕтӕ Танделаты бинонтӕ. Ацы фембӕлды уӕлахиздзаутӕ ссисты Цӕгат Ирыстоны минӕвӕрттӕ. ПТРК "ИР" командӕ бацахста дыккаг бынат, бронзӕйон майдантӕ та райстой Цӕгат Ирыстоны Горӕтгӕрон районы шахматисттӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Турниры уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призерты схорзӕхджын кодтой грамотатӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0