Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыйы арӕныл блокпостыл ногӕй ӕрдзурдзысты ИӔАМ фембӕлдыл

© AFP 2022 / VANO SHLAMOVГуырдзиаг полици
Гуырдзиаг полици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Баныхасы темӕ фӕндзӕм хатт уыдзӕн гуырдзиаг тыхон структурӕты ӕнӕзаконон блокпост Уисты хъӕуы районы

ЦХИНВАЛ, 30 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕ ӕрныхас кӕндзысты дыццӕджы, 1 октябры, бӕстӕты хсӕн уавӕрыл Уисты (Цънелис) хъӕуы районы, цы ран гуырдзиаг тыхон структурӕтӕ августы сӕвӕрдтой сӕ блокпост. Уый тыххӕй фехъусын кодта РХИ президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Мурӕт.

Гуырдзиаг полици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕвирхъау фыдракӕнд: парламенты спикер Гуырдзыстоны провокациты тыххӕй Хуссар Иры арӕныл

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты (ИӔАМ) форматы фембӕлд ацӕудзӕн арӕнгӕрон хъӕу Эргнеты ӕмӕ йын уыдзӕн техникон характер. Баныхасы иунӕг темӕ фӕндзӕм хатт уыдзӕн гуырдзиаг полицийы блокпост, кӕцы сӕвӕрдтой хуссарирыстойнаг территорийыл.

"Хуссар Ирыстоны позици ацы фарсты фӕдыл нӕ фӕивта – пост ӕнӕзаконон ӕвӕрд скодтой республикӕйы территорийыл ӕмӕ йӕ хъуамӕ сисой", - загъта Джиоты Мурӕт.

ИӔАМ форматы ивгъуыд, цыппӕрӕм, фембӕлд ацыд 13 сентябры. Уӕд фарсытӕн радон хатт нӕ бантыст ӕрцӕуын компромиссмӕ.

Уавӕр арӕныл

Хуссар Ирыстоны арӕныл уавӕры эскалаци райдыдта 23 августы, гуырдзиаг полици куы бавнӕлдта блокпосты арӕзтадмӕ Уистӕйы хъӕуы цур, уӕд.

Хуссар Ирыстоны делегаци Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты форматы фембӕлды рӕстӕджы 29 августы ӕрдомдта Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕй айсын блокпост ӕмӕ сын куы нӕ сразы тсы, уӕд ацыдысты фембӕлдӕй. Уый фӕстӕ ацыд ноджы фембӕлды ИӔАМ форматы, фӕлӕ сӕ хайадисджытӕ не рцыдысты компромиссмӕ. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад уадзы мадзӕлттӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕна ӕдасдзинад Уистӕйы районы арӕны хайыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0