Цхинвалы ахæстоны амард ахæсттæй иу

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы ахæстон
Цхинвалы ахæстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Хъазиты Вячеславы амæлæты аххосаг ссис йæ зæрдæимæ проблемæтæ

ЦХИНВАЛ, 1 окт — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы рæстмæгæнæн колонийы дыццæджы амард ахæсттæй иу. Уагдонæй ратæдзæн куыд фехъусын кодта Sputnik, уый кæй у 33-аздзыд Хъазиты Вячеслав, кæцы бадт ахæстоны Дудайты Марикы амарыны тыххæй.

Ахӕстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуымӕтӕг домӕнтӕ: Хуссар Иры парламенты вице-спикер ахӕстоны уавӕры тыххӕй

Хъазиты Вячеслав йе 'мхъæуккаг Дудайты Марикы амардта фарон январы. Цыдæр рæстæг уый уыд æмбæхст, фæлæ стæй йæхи къахæй бацыд барадхъахъхъæнæг органтæм.

"Хъазиты Вячеслав хъæрзыд йæ зæрдæйæ, æвæццæгæн мæлгæ дæр уыцы ахоссагæй акодта. Хабар æрцыд æвиппайды. Бæлвырддæр дзуапп ратдзæн экспертизæ", - радзырдта агентады ныхасæмбал.

Ацы бонты ма ахæстæттæ расидтысты æнæхæрын сæ уавæртæй æнæразыдзинад равдисыны нысанæн. Сæ домæнтæ æмæ сын претензитæм байхъуыстой парламенты депутаттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0