Хуссар Иры президент банысан кодта Путины хайбавӕрд Уӕрӕсеимӕ ӕмгуыстады райрӕзтмӕ

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры президент банысан кодта Путины хайбавӕрд Уӕрӕсеимӕ ӕмгуыстады райрӕзтмӕ
Хуссар Иры президент банысан кодта Путины хайбавӕрд Уӕрӕсеимӕ ӕмгуыстады райрӕзтмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг бахахх кодта Владимир Путины авторитет ӕхсӕнадӕмон арӕнӕйыл йӕ арфӕйы Уӕрӕсейы президенты райгуырӕн боны цытӕн

ЦХИНВАЛ, 7 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий банысан кодта уӕрӕсейаг лидер Владимир Путины сӕрмагонд хайбавӕрд дыууӕ бӕстӕйы хсӕн ахастытӕ сфидар кӕнынмӕ. Уый тыххӕй Бибылты Анатолий фехъусын кодта йӕ арфӕйы Уӕрӕсейы президенты райгуырӕн боны цытӕн.

Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Владимиры фырт Путин райгуырд 1952 азы 7 октябры Ленинграды ( Санкт-Петербург), абон уый нысан кӕны йӕ 67-ӕм райгуырӕн бон.

"Стыр аргъ кӕнын Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы хсӕн ахастыты ӕмвӕзадӕн, ӕмӕ мӕ фӕнды бахахх кӕнын Дӕ сӕрмагонд хайбавӕрд дыууӕ бӕстӕйы ӕмгуыстады райрӕзтмӕ", - дзырдӕуы Бибылты Анатолийы арфӕйы тексты президенты официалон сайтыл.

Афтӕ ма паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, Владимир Путинӕн Уӕрӕсейы президенты бынаты ӕмӕ ӕндӕр бӕрнон бынӕтты кӕй уыд стыр авторитет, куыд йе мбӕстӕгты хсӕн,афтӕ ӕхсӕнадӕмон аренӕйыл дӕр.

Афтӕ ма Бибылты Анатолий равдыста ныфс, республикӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн хӕларадон ахастытӕ кӕй сфидар ӕмӕ райтынг уыдзысты дыууӕ бӕстӕйы адӕмы хӕрзӕбонӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0