Хуссар Иры ПӔК фехъусын кодта арӕнсӕтджыты нымӕцы фӕкъаддӕры тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны арӕн
Хуссар Ирыстоны арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕнсӕтджыты нымӕц дыууӕ хатты фӕкъаддӕр ис августмӕ абаргӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 8 окт - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны сӕтджыты нымӕц дыууӕ хатты фӕкъаддӕр ис. Республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитет (ПӔК) фехъусын кодта, ивгъуыд мӕй паддзахадон арӕны алыгъуызон хӕйттыл кӕй ӕрцахстой 26 арӕнсӕттӕджы, августы уыдоны нымӕц уыд 79.

Гуырдзыстонимӕ арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир сӕхгӕндзӕн Гуырдзыстонимӕ арӕныл фӕстаг уадзӕн пункт

Уагдоны банысан кодтой, республикӕйы арӕнгӕрон районты Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы арӕн хъахъхъӕнджытӕ уадзынц иумӕйаг мадзӕлттӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕной цӕстдард уавӕрмӕ.

"Сентябры арӕнсӕтджытӕй ӕхсӕз ӕмбӕстаджы фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим, 20 та арӕнгӕрон режим", - загъта ПӔК пресс-службӕйы кусӕг Биазырты Екатерина.

ПӔК арӕнгӕрон службӕ алкӕцы фехӕлды фӕдыл дӕр уагъта равзӕрсттӕ, кӕцыты фӕстиуӕгӕн арӕнсӕтджыты ныхмӕ сӕххӕст кодтой административон мадзӕлттӕ ӕмӕ ауагътой семӕ ӕмбарынгӕнӕн ныхас.

"17 адӕймаджы фӕивар кодтой, иу ӕмбӕстаджы фӕивар кодтой ӕмӕ йӕ арвыстой Хуссар Ирыстоны территорийӕ, ноджы иуы та арвыстой ӕнӕ иварон санкцитӕй. Авд адӕймаджы та бафӕдзӕхстой", - банысан кодта Биазырты Екатерина.

Хуссар Ирыстоны ПӔК арӕнгӕрон службӕ радон хатт ӕрсидт республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕм, цӕмӕй ӕххӕст кӕной РХИ арӕнгӕрон зонӕмӕ бацӕуын ӕмӕ уӕвыны фӕтктӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0