Бындурон ивындзинӕдтӕ: Цхинвалы цалцӕг кӕнынц Кады Аллей

© Sputnik / Наталья АйриянКады Аллейы рацарӕзт
Кады Аллейы рацарӕзт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны столицӕйы коммуналон службӕтӕ дзырд дӕттынц балхынцъ кӕнын Ӕнусон Арты цур цыртдзӕвӕны цалцӕг иу мӕймӕ

ЦХИНВАЛ, 8 июл — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Бындурон ивындзинӕдтӕ ӕрцӕудзӕн Цхинвалы Ӕнусон Арты раз фӕзуатыл Кады Аллейы, фехъусын кодта Sputnik столицӕйы хӕрарӕзтады хайады хистӕр Габуты Инал.

© Sputnik / Наталья АйриянКады Аллейы рацарӕзт
Бындурон ивындзинӕдтӕ: Цхинвалы цалцӕг кӕнынц Кады Аллей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кады Аллейы рацарӕзт

Уый банысан кодта, куыстыты фыццаг этап кӕй уыдзӕн брусчаткӕ сӕвӕрын.

"Уый фӕстӕ сӕвӕрдзыстӕм уынджы цырӕгътӕ ӕмӕ бордюртӕ. Фӕстаг этап уыдзӕн территорийы зӕлдфӕлындӕн", - загъта Габуты Инал.

© Sputnik / Наталья АйриянКады Аллейы рацарӕзт
Бындурон ивындзинӕдтӕ: Цхинвалы цалцӕг кӕнынц Кады Аллей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кады Аллейы рацарӕзт

Хуссар Ирыстоны ис бирӕ цыртдзӕвӕнтӕ, кӕцытӕ сарӕзтой Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтарты мысӕнӕн. Алкӕцы цӕрӕн пунктты дӕр ис цыртдзӕвӕн, кӕцытӕ нывонд у амӕттаг хъайтартӕн. Уыдонӕй иуыл зындгондӕр – Кады Аллей Мӕскуыйаг уынгыл республикӕйы столицӕйы, уым ис Ӕнусон Арт ӕмӕ йӕ цуры та сквер.

Ног хабӕртты лентӕ
0