Хуссар Иры театры труппæ ацæудзæн гастрольты Цæгат Ирмæ

© culture.ruИрон театр
Ирон театр  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сфæлдыстадон къорд цæгаты равдисдзæн цыппар комеди, трагеди "Фатимæ" æмæ æртæ аргъауы

ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр ацæудзæн гастрольты Цæгат Ирыстонмæ. Сфæлдыстадон къорды фондзбонон балцы нывæзты ис фондз спектакль æмæ фестивалы хайадист, фехъусын кодтой Sputnik ПДТ пресс-службæйы.

Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Иры паддзахадон драмон театр уыдзæн Дзæуджыхъæуы 26-æй 30-æм октябрьмæ.

"Нæ къорды æрфысым кæндзæн Цæгат Иры Ирон театры сценæ. Мах хæссæм фондз спектаклы. Гастрольтæ бакæндзыстæм Хетæгкаты Къостайы уацмысмæ гæсгæ спектакль "Фатимæ"-йæ, уымæн ис символикон нысаниуæг. Уымæй дарддæр нæ нывæзты ис цыппар комеди – "Цыппæрæмæй цыппæрæммæ", "Бирæгътæ", "Ды мæ куы уарзай" æмæ "Нæлгоймаг, сылоймаг, рудзынг, мард", - загътой пресс-службæйы.

Цæгатирыстойнаг сабитæн та драмон театр равдисдзæн æртæ аргъауы – "Сырх худ", "Бирæгъ æмæ тæрхъустæ" æмæ "Тæрхъусы амонд".

Театр хоны ног 88 сезоны бакондмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры театр хоны ног 88-æм сезоны бакондмæ

"Уымæй дарддæр ма фестиваль "Сцена без границ"-ы, кæцы цæудзæн Дзæуджыхъæуы, мах бавдисдзыстæм ацы сезоны сæйраг спектакль, режиссер Дзудцаты Тамерланы спектакль "Фатимæ"-йы", - бафтыдтой пресс-службæйы.

Афтæ ма театры труппæ фæуд кæны куыст трагеди "Ӕфхæрдты Хæсанæ"-йыл, цыппæрæмы йæ рахæсдзысты аивадон советы æркастмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0