Хуссар Иры среорганизаци кӕндзысты культурӕйы цыртдзӕвӕнты хъахъхъӕныны хайад

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры среорганизаци кӕндзысты культурӕйы цыртдзӕвӕнты хъахъхъӕныны хайад
Хуссар Иры среорганизаци кӕндзысты культурӕйы цыртдзӕвӕнты хъахъхъӕныны хайад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны культурӕйы министр Зассеты Жанна радзырдта культурон бынты цыртдзӕвӕнты хъахъхъхъӕныны хайады реорганизацийы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 9 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрады хӕдивӕгӕн радтой историкон ӕмӕ культурон нысаниуӕджы цыртдзӕвӕнты хъахъхъӕныны хайады хистӕры хӕстӕ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны культурӕйы министр Зассеты Жанна. Уый тыххӕй министр фехъусын кодта дыццӕджы РХИ историкон нысаниуӕджы цыртдзӕвӕнтӕ бахъахъхъӕныны фарсты фӕдыл баныхасы рӕстӕджы националон политикӕ, культурӕ, дин ӕмӕ ДИФ фӕдыл парламентон комитеты рабадтыл.

"Афтӕ ма мах бацӕттӕ кодтам егъау программӕ "Культурон бынтӕ". Культурон бынтӕ ӕрмӕст цыртдзӕвӕнтӕ не сты, махӕн Советон Цӕдисы Хъайтарты ингӕнтӕ хаст не рцыдысты нӕ культурон бынты реестрмӕ. Реестры не сты Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты цыртдзӕвӕнтӕ, кафт симд, Тугъанты Махарбег, кӕнӕ Санахъоты Борисы нывтӕ", - радзырдта Зассеты Жанна.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы программӕ фӕкъаддӕр кӕндзӕн цыртдзӕвӕнтӕ бахъахъхъӕныны проблемӕтӕ.

Хуссар Ирыстоны парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фӕзындзӕн ӕнӕматериалон культурон бындуры объектты реестр

Парламентон комитеты сӕрдар Дьяконты Амиран куыд банысан кодта, афтӕмӕй, ацы фарстытӕ сты актуалон республикӕйы ӕмӕ сӕм хъӕуы лӕмбынӕгӕй ӕркӕсын.

"Мах фесӕфтам архитетурӕйы бирӕ ӕнӕаргъ цыртдзӕвӕнтӕ. Фӕнды мӕ бафӕрсын ӕххӕстгӕнӕг органты, кӕцытӕм хацы ацы фарст: Цӕмӕн ӕрцыд афтӕ? Нормативон базӕ нӕм ис, ис нӕм закон культурон-историкон нысаниуӕджы объектты хъахъхъӕныны фӕдыл, фӕлӕ уӕддӕр ӕрвылаз сафӕм архитектурӕйы цыртдзӕвӕнтӕ", - загъта Дьяконты Амиран.

Культурӕйы министрады цыртдзӕвӕнтӕ хъахъхъӕныны хайады хистӕр Табуты Нелли банысан кодта, культурон бынты цыртдзӕвӕнты хъахъхъӕнынад у дунейон проблемӕ.

Табуты Нелли бахахх кодта, кӕй банхъардта районон администрацитӕм, цӕмӕй бакӕной цыртдзӕвӕнтӕ хъахъхъӕныны фӕдыл инспекторы штаттӕ, уымӕн ӕмӕ уагдонӕн фадат нӕй цӕст дарын районты культурӕйы хайӕдтӕм.

Хайады хистӕр банхъардта саразын хӕдбар организаци культурон бынтӕ бахъахъхъӕныны фӕдыл.

"Ӕз хъуыды кӕнын, хайад кӕй хъӕуы ракӕнын культурӕйы министрады скондӕй ӕмӕ саразын хӕдбар организаци, кӕцы хуыздӕр куыст кӕндзӕн. ССРЦ рӕстӕджы куы райдыдтам кусын, уӕд нын загътой, мах рӕстӕгмӕ кӕс стӕм уагдоны сконды, фӕлӕ мах нырма дӕр стӕм ахӕм уавӕры", - бахахх кодта уый.

Хуссар ирыстоны зонадон-иртасӕн институты директор Гаглойты Роберт банысан кодта, цыртдзӕвӕнтӕ бахъахъхъӕныны фӕдыл закон Хуссар Ирыстоны кӕй у хорз, фӕлӕ йӕ нӕ ӕххӕст кӕнынц.

Цыртдзӕвӕнтӕ хъахъхъӕныны проблемӕйимӕ базонгӕ кӕндзысты парламенты президиумы, цӕмӕй уыдон бадзурой хицауадмӕ "Культурон ӕмӕ историкон нысаниуӕджы цыртдзӕвӕнтӕ хъахъхъӕныны фӕдыл" Законы 9 статья сӕххӕст кӕныны тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0