Къоста æвзисты: Национ банк рауагъта згъæрæхца поэты юбилеймæ

© Sputnik / Наталья АйриянХетæгкаты Къостайы цырт
Хетæгкаты Къостайы цырт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры 2019 аз расидт æрцыд ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг, поэт, нывгæнæг æмæ публицист Хетæгкаты Къостайы азæй

ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Национ банк Хетæгкаты Къостайы юбилейы цытæн рауагъта æвзист монетæ поэты хуызистимæ, фехъусын кодта Sputnik банчы сæргълæууæг Зассеты Феликс.

Зæрдылдарæн згъæрæхцатæ рацыдысты ивгъуыд мæй, сæ нымæц хизы 600-йы онг.

"Хетæгкаты Къостайы 160-азон юбилеймæ рацыд æвзист монетæтæ. Дæс азы размæ дæр рауагътам Къостайы хуызистимæ монетæтæ, ног згъæрæхцатæ дæр сты уыдон æнгæс", - загъта Зассеты Феликс.

Национ банк ма ноджы иу æвзист монетæ та рауагъта зындгонд ахуыргонд, фыццаг ирон дамгъуаты автор Андрей Шегренæн.

Золотые монеты, слитки и золотые номера - Sputnik Хуссар Ирыстон
Юбилейтæ згъæрæхцайы: Национ банк рауагъта æхсæз монетæйы

Ацы аз йæ куыст "Осетинская грамматика"-йы рацыдыл æххæст кæны 175 азы.

Æдæппæтæй Хуссар Ирыстоны Национ банк рауагъта 15 бæрц æндæр æмæ æндæр хуызты згъæрæхцайы. Се 'хсæн Хӕтӕгкаты Къостайы, Абайты Уасойы юбилейтӕм, республикӕйыл 25 азы сӕххӕсты бонмӕ. Згъæрæхцайы сæнусон кодтой Ручъы тоннелы проекты автор Гаглойты Рутены ном, Советон цæдисы хъайтартæ Плиты Иссæ, Хетӕгкаты Георгий æмæ Мамсыраты Хадзы-Умары нæмттæ, стæй ма ирон-уырыссаг-немцаг дзырдуаты саразæг Всеволод Миллеры. Афтæ ма банк рауагъта зӕрдылдарӕн згъӕрӕхцатӕ республикӕйы аргъуантӕй цалдӕры къамтимæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0