Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг схорзӕхджын кодта майданӕй йӕ карабахаг коллегӕйы

© Пресс-служба МИД РЮОХуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг схорзӕхджын кодта майданӕй йӕ карабахаг коллегӕйы
Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг схорзӕхджын кодта майданӕй йӕ карабахаг коллегӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хорзӕхкӕныны церемони ацыд Степанакерты уагъд цӕуӕг форумы, цы ран хайад исы Хуссар Ирыстоны делегаци

ЦХИНВАЛ, 11 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий схорзӕхджын кодта Хӕххон Карабахы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Масис Маиляны майданӕй "Ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстадмӕ хайбавӕрды тыххӕй", хъусын кӕны майрӕмбоны Хуссар Ирыстоны ӕддагполитикон уагдоны пресс-службӕ.

Медойты Дмитрий хайад исы Хӕххон Карабахы ӕмбӕлтты форумы "Сотрудничество во имя справедливости и мира" Степанакерты. Министримӕ форуммӕ ацыдысты Цхинвалы сомихаг диаспорӕйы минӕвӕрттӕ Цицерон Хаханов ӕмӕ Нонна Мкртчян.

© Пресс-служба МИД РЮОХуссар Ирыстоны делегаци форумы Хӕххон Карабахы
Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг схорзӕхджын кодта майданӕй йӕ карабахаг коллегӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны делегаци форумы Хӕххон Карабахы

Республикӕйы ФХМ сӕргълӕууӕг раныхас кодта форумы ӕмӕ радзырдта йӕ доклады Алани ӕмӕ Сомихы ахастыты историйы тыххӕй, афтӕ ма фехъусын кодта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Хӕххон Карабахы ахастыты уавӕр ӕмӕ сӕ дарддӕры райрӕзты перспективӕтӕ.

"Хуссар Ирыстон ӕмӕ Арцахы хсӕн ахастыты райрӕзтмӕ стыр хайбавӕрды тыххӕй Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий схорзӕхджын кодта Арцахы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Масис Маиляны РХИ фӕсарӕйнаг хъуыддӕӕгты министрады майданӕй" Ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстадмӕ хайбавӕрды тыххӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма форумы хайад истой Уӕрӕсе, АИШ, Франци, Уругвай, Сири, Иордани, Бразили, Чили, Австрали ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты минӕвӕрттӕ.

© Пресс-служба МИД РЮО Хуссар Ирыстоны ФХМ сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий ралӕууыд форумы Степанакерты
Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг схорзӕхджын кодта майданӕй йӕ карабахаг коллегӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны ФХМ сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий ралӕууыд форумы Степанакерты
Ног хабӕртты лентӕ
0