"Ӕфхæрдты Хæсанæ": театр снысан кодта премьерæйы бон

© Sputnik / Фатима Плиева"Ӕфхæрдты Хæсанæ": театр снысан кодта премьерæйы бон
Ӕфхæрдты Хæсанæ: театр снысан кодта премьерæйы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цыппæрæмы æрмæг рахастой аивадон советты æркастмæ, сфæлдыстадон кусджытæ йæм æрхастой фиппайнæгтæ, фæлæ премьерæйы бон нæ аивтой

ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр æмæ культурæйы министрады аивадон советты æркастмæ рахастой 88 сезоны сæйраг спектакль "Ӕфхæрдты Хæсанæ". Ирон классикон уацмысæн фиппайнæгтæ æмæ баххæстгæнинæгты рекомендацимæ иумæ радтой сценæмæ рахæссыны бар.

"Ӕфхæрдты Хæсана" æвæрд æрцыд Къубалты Александры поэмӕйы мотивтыл фыст Мамсыраты Дӕбейы пьесӕмӕ гæсгæ. Йæ сæвæрыны бæрн йæхимæ райста цæгатирыстойнаг режиссер, Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат Бекъойты Роза. Цхинвайлæгтæ ацы æрмæгмæ сценæйыл кастысты 90-æм æзты, уæд "Ӕфхæрдты Хæсанӕ" фæстаг хатт театры сценæйыл уыд Джуссойты Хасаны æвæрдæй.

© Sputnik / Фатима Плиева"Ӕфхæрдты Хæсанæ": театр снысан кодта премьерæйы бон
Ӕфхæрдты Хæсанæ: театр снысан кодта премьерæйы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Ӕфхæрдты Хæсанæ": театр снысан кодта премьерæйы бон

Цыппæрæмы æнусты размæ дуджы трагеди сног ис сценæйыл. Спектакль цымыдисондзинад æвзæрын кæны канд хъуыстгонд æрмæджы фæрцы нæ, фæлæ ма йе 'скондæй дæр. Сценографæй ам сфидар кодтой Адæмон нывгæнæг Челæхсаты Магрезы. Сценæйыл архайы Хуссар Иры æртæ адæмон артисты Тадтаты Фатимæ (Госæмæ), Бибылты Сослан (Ханбидта) æмæ Быценты Циснари (Азаухан). Ам йæ дебютон фæлгонц æххæст кæны Гаглойты Эдуард. Актерон ансамблы æдæппæтæй ис 10 адæймаджы. Сæйраг фæлгонц "Ӕфхæрдты Хæсанæ"-йы æнкъарæнтæ радæттыны бæрн ис сгуыхт артист Куымæридтаты Батрадзы бæрны.

"Нæ йæ аргъæвдзыстæм, уымæн æмæ абоны фиппайнæгтæй æмæ баххæстгæнинæгтæй ахæм ницы ис, кæцы иу къуыримæ не ʻсраст кæной сфæлдыстадон къорд", - загъта театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзудцаты Тамерлан.

Спектаклы режиссер Бекъойты Роза ныфс радта премьерæйы агъоммæ къуыримæ спектакль йæ гаччы кæй сбадын кæндзæн.

"Актерты архайдæй дæн райгонд. Ис нын иу къуыри, снывонд æй кæндзыстæм аивадон советы фиппайнæгтыл куыстæн æмæ сæйраг хъайтары фæлгонцыл куыстæн", - загъта уый.

"Ӕфхæрдты Хæсанæ"-йы премьера ацæудзæн 17 октябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0