Ӕппӕтдунейон акци: Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт ацыд лабораторон куыст химийӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны фыццаг хатт ацыд ӕппӕтдунейон лабораторон куыст химийӕ
Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт ацыд  ӕппӕтдунейон лабораторон куыст химийӕ
 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Акци уагъд цӕуы викторинӕйы хуызы ӕмӕ райтынг кӕндзӕн зонӕдтӕм тырнындзинад, радзырдтой организатортӕ

ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстон ӕрбаиу ис Ӕппӕтдунейон химикон лабораторон куыстмӕ, кӕцы нывонд у Менделеевы периодикон таблицӕйыл 150 азы сӕххӕстӕн.

Ахуырады кусджыты квалификаци фӕбӕрзонд кӕныны институты химийы фӕдыл хистӕр методист Наталия Метревели радзырдта Sputnlk, акци ауадзыны датӕ равзӕрстой уымӕн, ӕмӕ 11-12 октябры Михаил Ломоносов бакодта химикон лаборатори Санкт-Петербурджы зонӕдты академийы.

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны фыццаг хатт ацыд ӕппӕтдунейон лабораторон куыст химийӕ.
Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт ацыд  ӕппӕтдунейон лабораторон куыст химийӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт ацыд ӕппӕтдунейон лабораторон куыст химийӕ.
© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны фыццаг хатт ацыд ӕппӕтдунейон лабораторон куыст химийӕ.
Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт ацыд  ӕппӕтдунейон лабораторон куыст химийӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3

3/3

"Ацы аз 150 азы ӕххӕст кӕны химикон элементты периодикон системӕйы бакондыл. Россотрудничествойы минӕварад Хуссар Ирыстоны уадзы акци "Химикон лаборатори". Акци уагъд цӕуы викторинӕйы хуызы ӕмӕ райтынг кӕндзӕн зонӕдтӕм тырнындзинад, радзырдтой организатортӕ", - радзырдта Наталия Метревели.

Уый ма банысан кодта, сывӕллӕттӕн кӕй радтой фарстыты цыппар хайы, кӕцытыл уыдон хъуамӕ сдзуапп кодтаиккой.

"Куысты фӕуды фӕстӕ банымайдзыстӕм баллтӕ. Уӕлахиздзаутӕн ратдзыстӕм "Сыгъзӕрин лаборантты" дипломтӕ. Лабораторон куыст ауадзынӕн нын ӕххуыс кӕнынц химийы ахуыргӕнджытӕ", - банысан кодта методист.

Лабораторон куысты хайад райстой 25 скъоладзауы Цхинвалӕй, афтӕ ма Дзау ӕмӕ Знауыры районӕй. Акци ацыд скъола-интернаты бӕстыхайы Цхинвалы.

Ног хабӕртты лентӕ
0