Ӕнӕ фыдракӕндтӕй: Хуссар Иры МХМ ивгъуыд къуырийы уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ милици
РХИ милици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд къуыри фыдракӕндтӕ не сбӕрӕг кодтой. Фӕлӕ барадхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой цалдӕр адӕймаджы ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 14 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри ацыд ӕнӕ фыдракӕндтӕй, фехъусын кодта къуырисӕры республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы хистӕр Бестауты Вида.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыууӕ авари ӕмӕ иу фыдракӕнд: Хуссар иры МХМ ивгъуыд къуырийы уавӕры тыххӕй

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ 7-ӕй 14-ӕм октябрмӕ республикӕйы барадхъахъхъӕнджытӕ не сбӕрӕг кодтой фыдракӕндтӕ. Фӕлӕ уагдоны банысан кодтой, административон бӕрнмӕ кӕй ӕрбаздӕхтой аст ӕхсӕнадон фӕткхалӕджы.

Уавӕр фӕндӕгтыл

Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл ивгъуыд къуыри ӕрцыд иу фӕндагон-транспортон цау. МХМ банысан кодтой, зианбаййаджытӕ дзы кӕй нӕй.

Рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 207 фӕткхалды. Авд шофыры фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0