Бибылты Анатолий хайад райсдзӕн Иры фыццаг минӕварады юбилейы Петербурджы

© Фотохост-агентство. /  Ахизын медиабанкмæПетербурджы банысан кӕндзысты Ирыстоны фыццаг минӕварады юбилей
Петербурджы банысан кӕндзысты Ирыстоны фыццаг минӕварады юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ ацӕудзысты 23-24 октябры. Уыдоны хайад райсдзысты Хуссар Ирыстоны президент, Санкт-Петербург ӕмӕ Ленинградон областы къухдариуӕгады минӕвӕрттӕ

ЦХИНВАЛ, 16 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий хайад райсдзӕн Санкт-Петербурджы Ирон культурӕйы бонты, кӕцытӕ нывонд сты Уӕрӕсейы цӕгаттаг столицӕйы фыццаг ирон минӕварадыл 270 азы сӕххӕстӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны ӕртыццӕджы паддзахады сӕргълӕууӕджы администраци.

"270 азы размӕ ӕрӕвӕрдтой ирон адӕм ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн фидар бастдзинӕдты бындур, Ирыстоны хуссар ӕмӕ цӕгаттаг ӕхсӕнадты минӕвӕрттӕ куы бацыдысты императрицӕ Елизаветамӕ. Фыццаг ирон минӕварадӕн 1749-1751 ӕзты, кӕцыйы сӕргъ лӕууыд Магкаты Зураб, бантыст уӕззау политикон уавӕрты рӕстӕджы равдисын Уӕрӕсейӕн Ирыстонимӕ цӕдисы ӕнӕмӕнг хъӕуындзинад", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Бӕрӕгбонон мадзӕлтты фӕлгӕтты мультимедийон историкон парк "Россия – моя история"-йы фӕзуатыл байгом уыдзӕн номдзыд ирон нывгӕнджыты равдыст, бавдисдзысты Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны Национ музейты уникалон историкон экспонаттӕ.

Санкт-Петербург - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстоны бонтӕ Петербурджы: куыд банысан кӕндзысты фыццаг ирон минӕварады 270-азон юбилей

Мадзӕлтты ма хайад райсдзысты Санкт-Петербург ӕмӕ Ленинградон областы къухдариуӕгады минӕвӕрттӕ.

24 октябры ацӕудзӕн Ирыстоны культурӕйы бон Эрмитажы. Музей базонгӕ кӕндзӕн уазджыты коллекцитимӕ. Афтӕ ма уазджытӕн бавдисдзысты экскурси "Ирыстоны бынтӕ Эрмитажы", уый фӕстӕ та ацӕудзӕн бӕрӕгбонон концерт Эрмитажон театры. Программӕйы фӕлгӕтты ацӕудзысты зонадон ралӕудттӕ, ирон музыкӕ, поэзи ӕмӕ адӕмон кӕфтытӕ.

Ирыстоны культурӕйы бонтӕ Эрмитажы байгом кӕндзӕн музейы директор Михаил Пиотровский. Афтӕ ма ралӕудзысты цытджын уазджытӕ ӕмӕ Эрмитажы зонадон кусджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0