Хъайтардзинады тыххӕй: Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой Залдайы спецоперацийы хайадисджыты

© МВД РЮО Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой Залдайы спецоперацийы хайадисджыты
 Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой Залдайы спецоперацийы хайадисджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
МХМ схорзӕхгонд кусджытӕ хайад истой тӕссаг фыдгӕнджыты ӕрцахсыны фӕдыл операцийы, кӕцыйы рӕстӕджы уӕззау цӕфтӕ фесты милицийы дыууӕ кусӕджы

ЦХИНВАЛ, 18 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь цытджын уавӕры радта уагдонон хорзӕхтӕ кусджытӕн, кӕцытӕ сӕхи хъӕбатырӕй равдыстой тӕссаг фыдгӕнджыты ӕрцахсыны рӕстӕджы Залдайы хъӕуы 16 июлы. Уӕд фыдгӕнджытимӕ ныхмӕлӕуды уӕззау цӕфтӕ фесты Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты управленийы уголовон фӕдагуырды дыууӕ кусӕджы - Гатыгкоты Захар ӕмӕ Пухаты Сослан, уыдон нырма дӕр сты дохтырты хъусдарды бын. Уый тыххӕй хъусын кӕны МХМ пресс-службӕйы сӕргълӕууӕг Бестауты Вида.

© МВД РЮО Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой Залдайы спецоперацийы хайадисджыты
 Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой Залдайы спецоперацийы хайадисджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Хуссар Иры схорзӕхджын кодтой Залдайы спецоперацийы хайадисджыты

2/3

3/3

Министр бузныг загъта кусджытӕн сӕ службӕйы тыххӕй ӕмӕ равдыста ныфс, уыдон дарддӕр дӕр цӕсгомджынӕй кӕй ӕххӕст кӕндзысты сӕ кусӕгон хӕстӕ.

"Тӕссаг фыдгӕнджыты ӕрцахсыны рӕстӕджы сымах равдыстат хъӕбатырдзинад ӕмӕ хъайтардзинад. Сымахӕй сӕрыстыр у ӕнӕхъӕн министрад. Мӕ цӕст уын уарзы фидар ӕнӕниздзинад, фӕрныгад ӕмӕ уӕ фӕндты сӕххӕст", - загъта министр.

Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ Гатыгкоты Захар ӕмӕ Пухаты Сослан фӕцӕф сты 16 июлы Залдайы хъӕуы фыдгӕнджытӕ Къӕбысты Андрей ӕмӕ Гӕбӕраты Сӕрмӕтимӕ ӕхсты рӕстӕджы. Фыдгӕнджытӕ алыгъдысты цауы бынатӕй, фӕлӕ сӕ фӕстӕдӕр ӕрцахстой Гуырдзыстоны территорийыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0