Цхинвалы æрæвнæлдтой Сырх Дзуары арæзтадмæ

© wikimapiaЦхинвалы бавнæлдтой Сырх Дзуары арæзтадмæ
Цхинвалы бавнæлдтой Сырх Дзуары арæзтадмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Егъау динон объекты арæзтад цæуы Алайнаг епархийы дæлбар, йæ проект фидар æрцыд историон цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайадмæ, фарстыл уынаффæ цыд закондæттæг органы дæр

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы бавнæлдтой столицæйы иууыл кадджындæр кувæндæттæй иу – Сырх Дзуары арæзтадмæ. Сыгъдæг бынаты аргъуан самайдзысты йæ раздæры хуызы нырыккон фадæттæй пайдакæнгæйæ, фехъусын кодта Sputnik динамонæг, фыд Иаков.

Ортъеу  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ортъеуы хъæу: ног аргъуан æмæ фыццаг скъола

Сырх Дзуар æвæрд уыд Цхинвалы 8 июны уынгыл, амад куы ныппырх ис, уæдæй фæстæмæ йæ хъавыдысты сæндидзын кæнын цалдæр хатты, фæлæ фæлвæрæнтæ æнтыстджын нæ уыдысты. Ныр арæзтад йæ бæрны бакодта Алайнаг епархи, фæстæдæр ын æмбырд цæудзæн фæрæзтæ.

"Ис нæм арæзт проект, кæцы бацæттæ кодтой Сырх Дзауры архитектурæмæ гæсгæ, æрæмных æй кодтам Культурæйы министрадимæ, сæрмагондæй та историон цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайадимæ. Уынаффæ йыл цыд парламенты рабадты. Кувæндон 90% онг уыдзæн йæ раздæры хуызы, ивындзинæдтæ хаудзысты ног технологитæй пайда кæнынмæ", - загъта фыд Иаков.

Дзуар æмæ аргъуан: Хуссар Иры аразт цæуы дыууæ кувæндон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзуар æмæ аргъуан: Хуссар Иры арæзт цæуы дыууæ кувæндоны

Арæзтадæн бындур æвæрд æрцыд апостол Фомайы бон, 19 октября. Ацы азмæ нывæзтгонд сты сыгъдæггæнæн куыстытæ æмæ бындуыр æрæвæрын.

"Арæзтад нырма æдæппæтæй ис Алайнаг епархийы бæрны, фæстæдæр мах Сырх Дзуары арæзтад скæндзыстæм æппæтадæмон. Бакæндзыстæм хыгъд, уыдзæн ын цæстдарæн совет. Депутаттæ Медойты Дзамболат, Остъаты Роберт æмæ Бестауты Николай активон æмархайд кæнынц арæзтадæн", - загъта уый.

Сырх Дзуар архитектурон формæтæй дарддæр бахъахъхъæндзæн йæ хуыз дæр.

"Сырх Дзуар фæстæмæ уыдзæн сырх хуыз йæ æддагон куыстыты спайда кæндзысты кувæндоны пырхæнты сырх цынайы дурæй", - балхынцъ кодта фыд Иаков.

Динамонæг ма бафтыдта, арæзтадмæ йе ʻххуысы къух чи фæдаргъ кæна, уыдон бахæсдзысты аргъуаны аразджыты номхыгъдмæ æмæ сæ номыл цæудзæн Хуыцаумæ скуывдтытæ службæтæ уадзыны рæстæджы кувæндоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0