Цхинвалы ацӕудзӕн ӕхсӕнрегионалон турнир ленк кӕнынӕй

© Sputnik / Софа ИсаакянТурнир ленк кӕнынӕй
Турнир ленк кӕнынӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерыстӕ ацӕудзысты Цхинвалы Спорты галуан "Олимп"-ы бассейны ноябры райдайӕны ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзысты 200 спортсмены

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ацӕудзӕн ӕхсӕнрегионалон турнир ленк кӕнынӕй ӕвзӕнгты хсӕн Mad Wave Кавказ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Ленк кӕныны федерацийы разамонӕг Елена Терлеева.

Цхинвалы рабӕрӕг кодтой тыхджындӕр ленкгӕнджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы рабӕрӕг кодтой тыхджындӕр ленкгӕнджыты

Ерыстӕ ацӕудзысты Цхинвалы Спорты галуан "Олимп"-ы бассейны ноябры райдайӕны ӕмӕ ӕрӕмбырд кӕндзысты 200 спортсмены.

"Турнир уагъд цӕуы 2007-2008 ӕмӕ 2009-2010 ӕзты гуырд чызджытӕ ӕмӕ лӕппуты хсӕн. Спортсментӕ ерыс кӕндзысты 50 ӕмӕ 100 метры дистанцимӕ алы стилы дӕр, 100 ӕмӕ 200 метрмӕ комплексон ленк кӕнынӕй, афтӕ ма ӕмхӕццӕ эстафетӕтӕ цыппарӕй 50 метрмӕ уӕгъдибар стилы", - банысан кодта Терлеева.

Турниры хайад райсдзысты спортсментӕ Ставрополы крайӕ – Невинномысск, Буденовск ӕмӕ Пятигорскӕй, афтӕ ма Кӕсӕг-Балхъар, Хъӕрӕсе-Черкес, Дзӕуджыхъӕу ӕмӕ Цхинвалӕй. Ерысты уӕлахиздзауты схорзӕхджын кӕндзысты призтӕй, майдантӕй ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0