Дон уыдзæн сыгъдæг æмæ фаг: фæуд кæнынц Уанат-Цхинвалы донуадзæны куыстытæ

© Sputnik / Элина ГабараеваПрисы хъæумæ хæстæг арæзт æрцыд дыууæ егъау донæмбырдгæнæн бассейны
Присы хъæумæ хæстæг арæзт æрцыд дыууæ егъау донæмбырдгæнæн бассейны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвал-Уанаты магистралон хæтæл арæзт куы æрцæуа, уæд цæрджытæ змæст дон æмæ йæ цухдзинад ферох кæндзысты

ЦХИНВАЛ, 12 ноя — Sputnik, Дриаты Лейла. Азы кæромæ балхынцъ уыдзысты Уанат-Цхинвалы донуадзæны куыстытæ. Ныры онг Присы хъæумæ хæстæг арæзт æрцыд дыууæ егъау донæмбырдгæнæн бассейны, ныр та сæ алфæмблай хæрзарæзт цæуы, фехъусын кодта Sputnik генподрядон организаци "СТМ-ЮГ"-ы минæвар Гуырцъыты Эльбрус.

Уанат-Цхинвалы донуадзæнæй суткæйы дæргъы горæтмæ цæудзæнис 15 мин кубометры дон. Ныртæккæ нæ горæтмæ Брытъат æмæ Дзомагъы резервуартæй цы дон цæуы, уымæн та йæ дебет у 8-9 мин кубометры суткæйы мидæг.

"Проекты аргъ у 400 милуан сомы. Донуадзæнæн йæ дæргъ у 16 км. бæрц. Проекты арæзтад йæхæдæг вазыгджын у, бирæ рæтты къахын бахъæуы сосæвæндаг. Траншейтæ къахт кæм æрцыдысты, уым хæтæлтæ ныппæрстам æмæ ныр уыдон ныгæд цæуынц. Ацы хъуыддаджы нын хорз æххуыс кæны ГУП "Водоканал". Куыстытæ хъуамæ конд фæуой азы кæронмæ, фæлæ мæнмæ афтæ кæсы æмæ раздæр фæуыдзысты", - зæгъы Гуырцъыты Эльбрус.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, горæты мидæг куыстытæм æрæвналдзыстæм ацы бонты. Æмæ уæд горæты дон цы уынгтæм нæ хæццæ кодта уыцы цæрджытæ сулæфдзысты.

Доны хӕтӕл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уанаты доны хӕтӕл: Цхинвалы кӕцы проблемӕтӕ аскъуыддзаг кӕндзӕн уый

Уый ма загъта, зæгъгæ, горæты цæрджытæ хъуамæ зоной, дон экономигæнгæ куыннæ хардз цæуа, уæд ацы дон дæр кæй нæ фаг кæндзæнис.

Гуырцъыты Эльбрус ма загъта уалдзæджы æрбалæудимæ-иу горæтмæ Едысæй цы дон цыд, уымæн-иу йæ дебет кæй æрхауд, уый тыххæй йæм иу баиугонд æрцыдысты Брытъаты æмæ Дзомагъдоны суадæттæ. Уырдыгæй къæвдаты рæстæджы цы змæст дон цыд, уый йемæ ласта алыгъуызон брон. Ныр Цхинвал-Уанаты магистралон хæтæл арæзт куы æрцæуа, уæд цæрджытæ ахæм проблемæйыл нал æмбæлдзысты.

© Sputnik / Наталья АйриянПрисы хъæумæ хæстæг арæзт æрцыд дыууæ егъау донæмбырдгæнæн бассейны
Дон уыдзæн сыгъдæг æмæ фаг: фæуд кæнынц Уанат-Цхинвалы донуадзæны куыстытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Присы хъæумæ хæстæг арæзт æрцыд дыууæ егъау донæмбырдгæнæн бассейны

Донуадзæн арæзт æрцыд æппæт æнæмæгхъæуæг фæрсудзæнтæ æмæ сыгъдæггæнтимæ. Донæн йæ райдиан кæм ис, уым æмбæлон куыстытæ ивгъуыд аз бакодтой тыхон структурæты кусджытæ. Ссардтой Советон рæстæджы ацы арæзтады цъайтæ, кæцытæ фесты сыджыты бын, цъыфдзаст бынæттæ сур æрцыдысты, цæмæй проекгæнджытæ федтаиккой, цыран хъæуы дренажтæ æмæ ног цъайтæ саразын. Красноярскæй та хуынд æрцыдысты фæлтæрд геодезион специалисттæ. Уыдон нывæзт скодтой донуадзæн системæйæн, бахынцыдтой æппæт фæзилæнт, цæмæй горæтмæ дон æнæкъуылымпытæй цæуа. Уый фæстæ ООО "СТМ-ЮГ"-æн хæс æрцыд, цæмæй сæххæст кæной проект.

Ног хабӕртты лентӕ
0