Цхинвалы ацæудзæн Президенты кубок рамбулыны сæраппонд ӕрвылазон турнир футболӕй

© Sputnik / Плиты ФатимаПрезиденты Кубок мини-футболæй
Президенты Кубок мини-футболæй  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны столицӕйы радон хатт ацӕудзӕн турнир футболӕй – спорты комитеты исы хайад райсыны фӕдыл куырдиӕттӕ командӕтӕй

ЦХИНВАЛ, 13 ноя - Sputnik. Цхинвалы ацæудзæн Президенты кубок рамбулыны сæраппонд ӕрвылазон турнир футболӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ.

"Ноябры дыккаг хай уагъд цӕудзӕн Президенты кубокы сӕраппонд ӕрвылазон республикон турнир футболӕй. Турниры хайад райсыны фӕдыл куырдиӕттӕ исы фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитет", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Фарон иууыл хуыздӕр командӕйы номыл тох кодтой 17 командӕ – турниры уӕлахиздзау райста Президенты кубок ӕмӕ 50 мин сомы, ӕвзист призер – 30 мин сомы, командӕ, кӕцы ацыд ӕртыккаг бынатыл, райста 20 мин сомы.

Турниры хъӕзтытӕ уагъд цӕудзысты республикон стадион ӕмӕ футболон скъола "Фыранк"-ы быдырыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0