Хуссар Иры культурӕйы министр хайад райсдзӕн форумы Санкт-Петербурджы

© SputnikХуссар Иры культурӕйы министр хайад райсдзӕн форумы Санкт-Петербурджы
Хуссар Иры культурӕйы министр хайад райсдзӕн форумы Санкт-Петербурджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Форум нымайынц дунейы ӕмвӕзады культурон цауыл, кӕцыйы ӕрвылаз хайад исынц культурӕйы фадыджы мингай эксперттӕ ӕппӕт дунейӕ

ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны культурӕйы министр Зассеты Жанна хайад райсдзӕн VIII Ӕхсӕнадӕмон культурон форумы, кӕцы ацӕудзӕн Сантк-Петербурджы 14-16 ноябры, хъусын кӕны республикӕйы культурӕйы министрад.

Хуссар Ир хайад исы ӕхсӕнадон дипломатийы форумы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир хайад исы ӕхсӕнадон дипломатийы форумы

Форум нымайынц дунейы ӕмвӕзады культурон цауыл, кӕцыйы ӕрвылаз хайад исынц культурӕйы фадыджы мингай эксперттӕ ӕппӕт дунейӕ: театр, оперӕ ӕмӕ балеты стъалытӕ, номдзыд режиссертӕ ӕмӕ музыканттӕ, ӕхсӕнадон архайджытӕ, хицауад ӕмӕ бизнесы минӕвӕрттӕ.

"Форумы кусӕгон программӕ цымыдис кӕны культурӕйы алыгъуызон фадгуыты специалистты. Фестивалон программӕйы ис бирӕнымӕц культурон мадзӕлттӕ Петербурджы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕн. Кусӕгон фӕзуат та аразы уавӕртӕ проектты реализацийӕн ӕмӕ культурӕйы фадыджы бадзырдтӕ бафыссынӕн", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Мадзалы организатортӕ сты Уӕрӕсейы Федерацийы хицауад, УФ культурӕйы министрад ӕмӕ Санкт-Петербурджы хицауад.

Ног хабӕртты лентӕ
0