Сæкæрниз, йæ хос æмæ йæ хуызтæ: цы амонынц эндокринологтæ

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæЦы амонынц эндокринологтæ
Цы амонынц эндокринологтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны дæр ис дыууæ мин адæймагмæ æввахс рынчынтæ, уыдоны хсæн 12 сывæллæттæ. Рынчынты нымæц афæдзæй-афæдзмæ фылдæр кæны

ЦХИНВАЛ, 14 ноя – Sputnik, Дритаты Лейла. Цыппæрæмы æппæт дунейы бæрæг кæнынц сæкæрнизæй рынчынты бон. Фæстаг бæрæггæнтæм гæсгæ, Хуссар Иры ахæм рынчынты нымæц хизы дыууæ минмæ. Республикон диспансеры эндокринологон хайады гæс Æлборты Алена радзырдта Sputnik низы тыххæй бæстондæр.

Уæрæсе ахсы цыппæрæм бынат сæкæрнизæй æппæты фылдæр рынчын адæм кæм цæрынц, уыцы бæстæты 'хсæн. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ дзы Хуссар Ирыстоны дæр ис 2 мин адæймагмæ æввахс, уыдоны хсæн 12 сывæллæттæ. Сæ нымæц афæдзæй-афæдзмæ фылдæрæй фылдæр кæны.

"Сæкæрниз кæмæ рабæрæг кæнæм, уыцы рынчынтæм фыццаджыдæр æркæсы окулист æмæ сын се 'лхъывдад сбæрæг кæны. Арæх дзы сæмбæлæм зындзинæдтимæ. Цæстытæ вæййынц хъыгдард. Хъыгдард вæййынц уыргтæ. Дзæбæх сæ фæкæнæм нефропатийæ æмæ низы неврологон хуыз - полинейропатийæ", - зæгъы Æлборты Алена.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæкæрниз дих кæны цалдæр хуызыл. Арæхдæр æмбæлынц фыццаг æмæ дыккаг хуызтæ.

Плиты Александр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыццаг цау: цхинвайлаг дохтыр райста зонæдты кандидаты ном Донецкы

"Сывæллæттæм æмæ æрыгон кары адæммæ рабæрæг вæййы фыццаг хуыз, ацæргæ адæмы та арæхдæр тыхсын кæны дыккаг хуыз. Сæкæрнизæй сдзæбæх уæвæн нæй. Адæймаг фæткмæ гæсгæ куы нæ хæра, арæх куы мæсты кæна, куыннæ змæла, уæд гæнæн ис æмæ низ дæр фæзына. Низ рахæссæн ис ныййарджытæй дæр. Рынчынты æппынæдзух хъæуы глюкозæ туджы къаддæр чи кæны ахæм хостæ нуазын. Инсулин райсæн ис хыгъды слæууыны фæрцы", - зæгъы дохтыр.

Дохтыры ныхæстæм гæсгæ хостæй ныртæккæ цух не 'йафынц. Рынчынты статистикæйæ зæрдæ нæ рухс кæны. Хуссар Ирыстоны сæкæрнизæй рынчын нымæц афæдзæй-афæдзмæ фылдæр кæны.

"Нæ республикæйы цæрджытæ куыдфæндыйы цæстæй кæсынц се 'нæниздзинадмæ. Низ фыццаг хатт рабæрæг кæнынц æнæнхъæлæджы. Æндæр низ дзæбæхгæнгæйæ, кæнæ радон госпитализацийы рæстæджы. Амынддзинæдтæ сын радтæм, кæдæм æмæ цавæр дохтырмæ хъæуы бацæуын. Фыццаджыдæр фæхъæуы эндокринолоджы æххуыс. Басгæрсты фæрцы йæ специалист раиртасы, низ ис æви нæй", - загъта хайады гæс.

Эндокринологтимæ æнгомæй кусынц окулисттæ, нефрологтæ æмæ кардиологтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0