Хуссар Иры депутаттӕ ӕрдзырдтой республикӕйы социалон-экономикон райрӕзты нывӕзтыл

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты ӕрдзырдтой нывӕзтыл, кӕцымӕ гӕсгӕ сараздзысты уавӕртӕ экономикон ӕмӕ социалон фадыджы райрӕзтмӕ рахизынӕн

ЦХИНВАЛ, 29 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты экономикӕ, чысыл амалиуӕгад ӕмӕ хъӕууон хӕдзарады фӕдыл комитеты уӕнгтӕ ӕркастысты 2020 азмӕ республикӕйы социалон-экономикон райрӕзты нывӕзтмӕ.

Хуссар Ирыстоны парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры райстой закон чысыл бизнесы ӕххуысӕн

"Нывӕзт здӕхт у Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон хӕслӕвӕрдтӕ аскъуыддзаг кӕнынмӕ, экономикон ӕмӕ социалон фадыджы райрӕзтмӕ рахизынӕн уавӕртӕ саразынмӕ, афтӕ ма респбуликӕйы районты райрӕзты диспорцитӕ фӕкъаддӕр кӕнынмӕ", - дзырдӕуы закондӕттӕг органы пресс-службӕйы хъусинаджы.

Уымӕй дарддӕр депутаттӕ ӕрдзырдтой фидӕн азмӕ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзты прогнозыл, кӕцы арӕзт ӕрцыд экономикӕ ӕмӕ социалон фадыджы райрӕзты фӕдыл информацийы бындурыл.

Аскъуыддзаг кодтой рахӕссын ацы фарстытӕ парламенты президиумы радон рабадтмӕ, цы ран ноджы ӕркӕсдзысты законы проекттӕм "Хуссар Ирыстоны чысыл ӕмӕ астӕуккаг амалиуӕгады уӕлбар кредиткӕнынады фӕдыл" ӕмӕ "Хуссар Ирыстоны 2020 азмӕ чысыл ӕмӕ астӕуккаг амалиуӕгады уӕлбар кредиткӕнынадӕн ӕххуысы Фонды бюджеты фӕдыл".

Ног хабӕртты лентӕ
0