Фæткхалджытæ æмæ ивартæ: Хуссар Иры ПӔК радзырдтой иу мæймæ арæнсæтджыты тыххæй

© Sputnik / Алексей Вовк /  Ахизын медиабанкмæЗæрдæхсайгæ адæймаджы æрцахст
Зæрдæхсайгæ адæймаджы æрцахст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арæнгæрон барадон режимты фехалджытæй æртæйы ныхмæ бакодтой уголовон хъуыддæгтæ, дæсгай адæймæгтæ аирвæзтысты ивартæ æмæ фæдзæхстытыл, банысан кодтой уагдоны

ЦХИНВАЛ, 9 дек – Sputnik, Козаты Диана. Ноябры Хуссар Ирыстоны арæн фехæлдтой 48 адæймаджы, уыдонæн сæ фылдæр æрцыдысты ивар, æртæйы ныхмæ та бакодтой уголовон хъуыддæгтæ, фехъусын кодта къуырисæры ПӔК пресс-службæйы кусæг Биазырты Екатерина.

Зардиаты хъæуы цæрæг Тристан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тристан æмæ Людмила: иу бинонты цард хæрам бæстæты ʻхсæн

Ӕрцахстуæвджытæй 27 фехæлдтой паддзахадон арæны режим, 21 та - арæнгæрон режим. Октябрый арæнхъахъхъæнджытæ æрцахстой 39 фæткхалæджы. Биазырты Екатеринайы ныхæстæм гæсгæ, ПӔК Арæнгæрон службæ арæны алы фехæлды фæдыл дæр уадзы равзæрст.

"Фæткхалджытимæ уагъд æрцæуы профилактикон ныхас. 32 адæймаджы æрцыдысты ивар, æхсæзы ныхмæ рахастой административон ивар æмæ сæ феддæдуар кодтой республикæйæ, иуы та арвыстой Хуссар Иры территорийæ æнæ санкцитæй", - радзырдта уый.

Пресс-службæйы кусæг ма бафтыдта, арæнгæрон барадон режимты фехалджытæй æртæйы ныхмæ кæй бакодтой уголовон хъуыддæгтæ, ноджы ма æхсæз та аирвæзтысты фæдзæхстытæй.

Иумæйагæй, бафтыдта Биазырты Екатерина, иварты фæрæзтæй республикæйы бюджет баххæст ис 118 мин сомæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0