Хуссар Иры дохтыртӕ радзырдтой гриппӕй рынчынкӕнынады тыххӕй республикӕйы

© Sputnik / Александр Кондратюк /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры дохтыртӕ радзырдтой гриппӕй рынчынкӕнынады тыххӕй республикӕйы
Хуссар Иры дохтыртӕ радзырдтой гриппӕй рынчынкӕнынады тыххӕй республикӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд къуырийы статистикӕмӕ гӕсгӕ, арӕхдӕр рынчын кӕнынц сывӕллӕттӕ, афтӕмӕй уыдоны ӕрдӕг хай сты ӕртӕ азӕй кӕстӕрдӕртӕ

ЦХИНВАЛ, 18 дек - Sputnik. Югосетпотребнадзоры радзырдтой вирусон инфекцитӕ ӕмӕ гриппӕй рынчынкӕнынады тыххӕй Хуссар Ирыстоны 9-ӕй 15-ӕм декабрмӕ.

Хуссар Иры дарддӕр уагъд цӕуы вакцинаци гриппы ныхмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры дарддӕр уагъд цӕуы вакцинаци гриппы ныхмӕ

"Ивгъуыд къуыри республикӕйы хосгӕнӕн-профилактикон уагдӕттӕм бадзырдтой 277 рынчыны, сӕ нымӕцы 15 азы кары онг сывӕллӕттӕ - 254" – дзырдӕуы уагдоны пресс-службӕйы хъусинаджы.

Афтӕмӕй хъусын кӕнынц, рынчын сывӕллӕттӕй 45 сты дыууӕ азы кары онг.

Югосетпотребнадзоры бахахх кодтой, рынчынкӕнынад кӕй ис ӕнӕэпидемикон ӕмвӕзадыл.

Уымӕй дарддӕр уагдоны банысан кодтой, кӕй хъӕуы ӕххӕст кӕнын гриппы профилактикӕйы хуымӕтӕг фӕтктӕ, низы рӕстӕджы та рӕстӕгыл хъӕуы бадзурын медицинон ӕххуысы фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0