Хуссар Ир хицауад ауагъта фӕстаг рабадт ацы аз

© Пресс-служба правительства РЮО Хуссар Ир хицауад ауагъта фӕстаг рабадт ацы аз
Хуссар Ир хицауад ауагъта фӕстаг рабадт ацы аз   - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рабадты сфидар кодтой 2030 азы онг республикӕйы социалон-экономикон райрӕзты стратегийы фӕдыл законмӕ барастгӕнинӕгтӕ, афтӕ ма адарддӕр кодтой Сырх Дзуары уӕвынады ӕмгъуыд бӕстӕйы

ЦХИНВАЛ, 20 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр Пухаты Эрик ауагъта хицауады фӕстаг рабадт ацы азы, цы ран ӕркастысты закондӕттӕн архайдмӕ, бюджетон ивындзинӕдтӕм ӕмӕ сарӕзтой нывӕзтытӕ ӕрбалӕугӕ азӕн.

Хицауады сӕрдар ӕрсидт йӕ коллегӕтӕм рагацау бакусын сӕ къабӕзты хыгъдтыл, кӕцытӕ дзуапп дӕтдзысты регламенты домӕнтӕн.

Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий банысан кодта, райгонд кӕй у хицауады куыстӕй

Уымӕй дарддӕр ма рабадты сфидар кодтон ивындзинӕдты бахаст 2030 азы онг республикӕйы социалон-экономикон райрӕзты стратегийы фӕдыл законмӕ, ома дзы нысан ӕрцыдысты актуалондӕр фӕдыздӕхтытӕ.

Афтӕ ма мадзалы хайадисджытӕ райстой нывӕзтытӕ хицауады законопроектон архайд ӕмӕ рабадтытӕн 2020 азы фыццаг ӕмбисӕн, бахастой донуадзӕн станц "Уанат-Цхинвал" объектты нымӕцмӕ, кӕцыты ӕнӕмӕнгӕй хъуамӕ хъахъхъӕной МХМ ӕнӕведомствӕйон хъахъхъӕнынады хайады кусджытӕ. 

Хицауады рабадтыл ма хорзыл банымадтой законы проектты, кӕцытӕ хӕссынц ивындзинӕдтӕ паддзахадон бюджет ӕмӕ Пенсион фонды бюджетмӕ.

Пенсион фонды къухдариуӕггӕнӕг куыд банысан кодта, афтӕмӕй ивындзинӕдты бахаст ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у, уымӕн ӕмӕ республикӕйы фӕфылдӕр пенсиисджыты нымӕц.

Хицауады уӕнгтӕ ма аскъуыддзаг кодтой адарддӕр кӕнын Сырх Дзуары уӕвынады ӕмгъуыд Хуссар Ирыстоны, уымӕн ӕмӕ организаци кӕны стыр гуманитарон ӕмӕ ӕндӕр ӕххуыс республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0