Хуссар Иры ПӔК йӕхи нӕ тъыссы политикӕйы, фехъусын кодта уагдоны сӕргълӕууӕг

© Sputnik / Наталья АйриянОлег Ширан
Олег Ширан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдон ис Уӕлдӕр командӕгӕнӕджы къухдариуӕгады бын, кӕцы пайда кӕны комитеты информацийӕ националон ӕдасдзинады хаххыл скъуыддзӕгтӕ райсыны рӕстӕджы, банысан кодта Ширан

ЦХИНВАЛ, 25 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитет (ПӔК) сӕрибар у политикон ӕдӕвдадӕй ӕмӕ нӕ хъахъхъӕны никӕцы партийон интерестӕ, фехъусын кодта уагдоны сӕргълӕууӕг Олег Ширан.

Олег Ширан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ПӔК сӕрдар радзырдта республикӕйы ӕдасдзинад ӕмӕ интересты бастдзинадыл

Уый банысан кодта, президент Бибылты Анатолий, куыд Уӕлдӕр командӕгӕнӕг, афтӕ хайад исы ПӔК архайды, ӕрӕвӕры сӕ разы хӕслӕвӕрдтӕ, афтӕ ма бӕрӕг кӕны структурӕйы райрӕзты иумӕйаг здӕхтытӕ.

ПӔК сӕргълӕууӕг банысан кодта, кусӕгон бастдзинӕдты руаджы президентимӕ уагдон ӕххӕст кӕны йӕ хӕслӕвӕрдтӕ, Бибылты Анатолимӕ та ис информаци республикӕйы оперативон уавӕры тыххӕй ӕмӕ уый пайда кӕны ПӔК ӕрмӕджытӕй националон ӕдасдзинады хаххыл скъуыддзӕгтӕ райсыны рӕстӕджы.

Олег Ширан бахахх кодта, ПӔК кӕй у профессионалон ӕмӕ эффективон сӕрмагонд службӕ, кӕцы рӕстӕгыл дзаупп дӕтты паддзахады интерестӕн ӕртхъирӕнтӕн.

"Афтӕмӕй комитет сӕрибар у политикон ӕндӕвдадӕй ӕмӕ нӕ хъахъхъӕны никӕцы партийон интерестӕ. Уагдон йӕ куыст ӕххӕст кӕны Конституцийыл ӕнцойгӕнгӕйӕ. Комитеты куысты фӕстиуджытӕн стыр аргъ кӕнынц президент ӕмӕ республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕ. Комитеты кусджытӕ ӕнкъарынц Бибылты Анатолийы иудадзыг хъусдард сӕ архайдмӕ", - загъта ПӔК сӕргълӕууӕг.

Олег Ширан загъта бузныг ӕдасдзинады органты ветерантӕн, кӕцытӕ службӕ кодтой ССРЦ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ПӔК ӕмӕ бафтыдта, ныры кусджытӕ кӕй пайда кӕнынц сӕ раздӕры коллегӕты фӕлтӕрддзинадӕй. Ширан радзырдта уагдоны зындгонд ветерантӕм кӕй гӕнӕн ис бахӕссын Гасситы Знауыр, Чилӕхсаты Владимир ӕмӕ ӕндӕрты.

Ног хабӕртты лентӕ
0