Хуссар Иры премьер-министр бахӕс кодта сӕххӕст кӕнын ногарӕзт уынгты хӕрзарӕзтад

© Sputnik / Наталья Айриян Цхинвалы фӕндӕгты арӕзтад
Цхинвалы фӕндӕгты арӕзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2020 азы фыццаг мӕйы кӕронмӕ сӕвӕрдзысты фӕндагон нысӕнттӕ ӕмӕ светофортӕ, уынгты зӕлдфӕлындын сӕххӕст кӕнынӕн фадат уыдзӕн ӕрмӕстдӕр уалдзӕджы

ЦХИНВАЛ, 9 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Пухаты Эрик бахӕс кодта арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуардӕн балхынцъ кӕнын горӕты ногарӕзт уынгты хӕрзарӕзтад.

Цхинвалы бавнæлдтой æртыккæгæм скъолайы арæзтадмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Иу уæладзыг бæрзонддæр: Цхинвалы бавнæлдтой æртыккæгæм скъолайы арæзтадмæ

"Дзырд цӕуы горӕты аст уынгыл, кӕцыты арӕзтад балхынцъ ис ивгъуыд азы кӕрӕтты. Фӕлӕ уым нырма ӕвӕрд не сты фӕндагон нысӕнттӕ ӕмӕ светофортӕ", - радзырдтой Sputnik хицауады пресс-службӕйы.

Уымӕй дарддӕр хицауады банысан кодтой, ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕрмӕджытӕ ныридӕгӕн балхӕдтой, ӕмӕ барадхъахъхъӕнӕг органты барлӕвӕрдӕй фӕндагон нысӕнттӕ ӕмӕ светофортӕ сӕвӕрдзысты ног уынгтыл.

Ӕмгъуыдмӕ гӕсгӕ, уынгты хӕрзарӕзтад фӕуыдзӕн ацы мӕйы кӕрӕттӕм. Уынгты зӕлдфӕлындын сӕххӕст кӕнынӕн фадат уыдзӕн ӕрмӕстдӕр уалдзӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0