Амонд базоныны фадат: куыд нысан кодтой ирон адæм "Фыссæн æхсæв"

© Sputnik / Олег Ласточкин /  Ахизын медиабанкмæИрыстоны 14 январы нысан кæнынц "Фыссæн æхсæв"
Ирыстоны 14 январы нысан кæнынц Фыссæн æхсæв - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
14 январь адæмон къæлиндары нысангонд æрцыд "Фыссæн æхсæвæй", ацы бон æнæ дæсныйы æххуысæй гæнæн ис фенын фидæны хъысмæт, уырныдта фæсивæды

ЦХИНВАЛ, 14 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ирон адæмон уырнынадмæ гæсгæ, ног азы фыццаг бонты æрлæууы æвзонг адæмæн сæ фидæн рафæлгъауыны рæстæг. Хъысмæт базонынæн иттæг хорз рæстæг у "Фыссæн æхсæв". Фæсивæд фæпайда кæнынц цæхджын гуылтæй, кæсæн æмæ къухдарæнæй, афтæ ма æндæр дæсныфæрсæн æрмæгæй.

Ирон адæммæ рагзамантæй фæстæмæ 14 январы æхсæв хуыйны "Фыссæн æхсæв" - фæсивæды уырны, ацы бон æнæ дæсныйы æххуысæй гæнæн кæй ис фенын фидæны хъысмæт.

Амондагур чызджытæ æмæ лæппутæ фæхæрынц цæхджын гуылтæ, цæмæй сын фыны сæ уарзæттæ дон бадарой, тар æхсæвы та цырагъы рухсмæ кæсæны авджы архайынц рахатын сæ фидæны цардæмбалы сурæт. Иудзырдæй, фыссæн æхсæвы цырæгътæ, кæсæн æмæ гуылты фæрцы фæсивæд архайынц сæ хъысмæт базонын.

"Цæхджын гуылтæй дæр федтон фын, фæлæ мын дон чи бадардта, уымæн йæ цæсгом нæ бахъуыды кодтон. Мæ нана Таняйы амындмæ гæсгæ та сфæлвæрдтон æндæр дæсныфарст. Загътон мæ ном æмæ уарзоны ном æмæ бафарстон, нæ амонд иу у æви нæ? Уыцы æхсæв дын кæд фыны исты радтой, уæд лæппу разындзæн дæ хъысмæт. Фыны кæмæйдæр сим-карта куырдтон æмæ мын уайтагъд нæ радта, фæлæ стæй мæ къухы бафтыд. Нана хатдзæг скодта - нæ амонд иу у, фæлæ нырма чысыл фæфæстиад уыдзыстæм", - радзырдта æвзонг чызг.

"Фыссæн æхсæв", сфæлварджыты ныхæстæм гæсгæ, йæ диссæгтæй равдисы, æрмæстдæр æвзонг адæм сæ амонд цы аз ссарынц, уыцы аз.

Историон зонæдты кандидат, этнограф Хъуылымбегты Роберт куыд радзырдта Sputnik, афтæмæй фыссæн æхсæвы гуылтæ арæхдæр фæкæны идæдз сылгоймаг.

Традиционный новогодний стол в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зӕронд Ног аз Ирыстоны: бӕрӕгбоны традицитӕ

"Уагмæ гæсгæ, гуылтæ хъуамæ скæна идæдз ус. Чындздзон чызг дзы хъуамæ дыууæ бахæра, иу та дзы йæ нывæрзæны бавæра. Гуылтæ вæййынц бынтон къаннæг, фæлæ уæддæр зынхæрæн, фырцæхджын. Фыны йын дон чи радта, уый уыдзæн йæ фидæны цардæмбал. Бирæтæ та нымайынц, райсом дыл фыццаг чи фембæла, уый", - радзырдта Хъуылымбегты Роберт.

Историк ма радзырдта æндæр æгъдауы тыххæй дæр.

"Фыссæн æхсæвы ма кæсæны раз доны ныппарынц къухдарæн æмæ ссудзынц цырагъ. Кæсынц донмæ, науæд кæсæнмæ. Уым цыдæр уысм фæзыны фидæны цардæмбалы фæлгонц", - загъта уый.

Хъуылымбегты Роберты ныхæстæм гæсгæ, æнæмæнг нæу цардæмбалы фенын - хаттæй-хатт фыны фенынц суадон, хъæумæ фæндаг, науæд сæ амонды хæдзар. Уый ма бафтыдта, фыссæн æхсæвы ма сæ хъысмæт рафæлгъауыныл кæй фæархайынц абадгæ лæппутæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0