Службӕтӕ аргъуанты ӕмӕ донаргъуыд цӕугӕдӕтты: куыд банысан кӕндзысты Дзуарӕфтыд Хуссар Иры

© Sputnik / Наталья АйриянДзуарӕфтыд
Дзуарӕфтыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны 18-ӕй 19-ӕм январьмӕ ӕндӕр рӕстдинон дунеимӕ иумӕ банысан кӕндзысты Хуыцауы Дзуарӕфтыд ӕмӕ раргомдзинад

ЦХИНВАЛ, 14 янв — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны 19 январы ацӕудзӕн донаргъуыд республикӕйы цӕугӕдӕтты. Аргъуанты ацӕудзысты Хуыцауӕн литургитӕ, адӕм сӕххӕст кӕндзысты дзуарцыд. Алайнаг епархийы динамонӕг фыд Иаков куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй Дзуарӕфтыдмӕ цӕттӕкӕнынад райдайдзӕн майрӕмбоны, 17 январы.

Цхинвалы рацыд рæстдинон къæлиндар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы рацыд рæстдинон къæлиндар уникалон уазнывимæ

"Райсомӕй 11.00 сахатыл райдайдзысты Паддзахадон сахаттӕ, Дзуарӕфтыд кӕй фӕнды райсын, уыдон хъуамӕ сӕхи ныффысой ӕмӕ рацӕуой раргомдзинады процедурӕ", - радзырдта фыд Иаков.

Бӕрӕгбонмӕ дон сыгъдӕг кӕныны процедурӕ ацӕудзӕн дыууӕ хатты: Дзуарӕфтыды бон ӕмӕ йӕ размӕ ӕхсӕвы.

"Сабаты аргъуаны службӕ райдайдзӕн 16.00 сахатыл, уый фӕстӕ ссыгъдӕг кӕндзысты дон Леуахийы. Дзуарӕфтыды бон, 19 январы, райсомы литургийы фӕстӕ, адӕм сӕххӕст кӕндзысты дзуарцыд цӕугӕдонмӕ, цы ран райдайдзӕн дзуарӕфтыды церемони", - банысан кодта фыд Иаков.

Уый ма бафтыдта, алкӕмӕндӕр кӕй уыдзӕн фадат рахӕссын сыгъдӕг дон цӕугӕдонӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0