Гасситы Натали фембæлд алыгъуызон конкурсты фæуæлахизуæвæг скъоладзаутимæ

© Sputnik / Дриаты ЛейлаГасситы Натали фембæлд скъолаты ахуыргæнинæгтимæ
Гасситы Натали фембæлд скъолаты ахуыргæнинæгтимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырад æмæ зонады министрад араздзæн æппæт дæр, цæмæй хуссарирыстойнаг сколадзаутæ хайад исой алыгъуызон фестивальтæ æмæ конкурсты æмæ сын уа стыр æнтыстытæ, банысан кодта Гасситы Натали

ЦХИНВАЛ, 17 янв — Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Иры Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали йæхимæ райста, скъолаты ахуыргæнинæгтæй сæ архайдæй æхсæнадæмон къæпхæнмæ чи схызт, ахæмты.

Гимнази "Альбион"-ы 10-æм къласы ахуыргæнинаг Джиоты Константин у Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон университеты уагъдцæуæг "Нымæцон скъола"-йы проекты уæлахиздзау. Йæ проект "Кадры для цифровой экономики" нырыккон информацион технологиты райрæзт уæрæхдæр кæныны нымад æрцыд иууыл хуыздæрыл. "Нымæцон скъола"-йы конкурсы хайад истой 150 ахуыргæнинаджы æндæр æмæ æндæр республикæтæй. Уыдонæй 22 уыдысты Хуссар Ирыстонæй. Фæлæ конкурсы уæлахиздзау ссис æрмæстдæр Джиоты Константин. Æвзонг лæппуйæн ацы аз уый кæд нырма фыццаг æнтыст у, уæддæр ивгъуыд аз та йæ зонындзинæдтæ равдыста сæрдыгон лагерь "Кванториум"-ы, Уæрæсейы федералон проект "Зымæгон нымæцон скъола"-йы æмæ афтæ дарддæр.

Зассеты Максим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зал ӕмдзӕгъд кодта лӕугӕйӕ: Зассеты Максим ссис конкурс "Истоки"-йы лауреат

Битеты Вероника - скъола "Альбион"-ы ахуыргæнинаг - январы Æппæтуæрæсейон фестиваль-конкурс "Рождественская елка Казачий круг"-ы вокалы номинацийы бацахста 2-аг бынат.

Ацы фестивалы ма хайад истой Цъинагары астæуккаг скъолайы хореографион коллектив, сæ къухдариуæггæнæг Гуссойты Ласко. Коллективы сконды уыдысты 7 ахуырдзауы. Уыдон сæххæст кодтой "Хонгæ кафт" æмæ бацахстой 1-аг бынат. Хуыбылты Анна ма акафыд солон кафт дæр æмæ уыцы номинацийы та бацахста 2-аг бынат.

Ацы уæлахиздзауты æмрæнхъ ма министр райста баскетболæй 2004-2005 азы гуырд архайæг чызджыты командæйы, сæ тренер Дзабиты Роландимæ. Ацы командæ дæр январы ссис Цæгат Ирыстоны цæуæг фыццагады уæлахиздзау.

"Бузныг уæ стæм, нæ республикæйы ном бæрзонд кæй хæссут. Сæрбæрзонд дæн, нæ Ирыстоны сымах хуызæн хъæбултæ кæй рæзы. Уый нысан кæны, Хуссар Ирæн фидар сомбон кæй ис. Мæн фæнды, цæмæй æрмæст ацы æнтыстытыл ма æрлæууат. Уый тыххæй Ахуырад æмæ зонады министрад араздзæн æппæт дæр. Сымах та уæ ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты зæрдæтæ рухс кæнут", - зæрдиаг арфæтæ ракодта Гасситы Натали скъоладзаутæн.

Министр бузныджы ныхæстæ бахай кодта УФ Президенты Администрацийы минæвар Хуссар Ирыстоны, Ахуырад æмæ зонады фарстаты фæдыл уынаффæгæнæг Темина Казаховайæн, кæцы ныртæккæ нал цæры Хуссар Ирыстоны, фæлæ йæ хъус дары йæ ахуырады системæмæ æмæ гæнæнуæвгæйæ та æрвылхатт дæр баххуыс кæны курдиатджын сывæллæттæн УФ-ы цæуæг алыгъуызон конкурстæ æмæ фестивальты хайад райсынæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0