Бибылты Анатолий загъта, кæд бакæндзысты Гуырдзыстонимæ арæн

© Sputnik / Михаил ХасиевЦънелис
Цънелис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бæстæйы сæргълæууæг уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытимæ фембæлды æрдзырдта мидæггагон политикон уавæрыл дæр æмæ загъта йæ хъуыды Уисты хъæуы уавæр æмæ Ленингоры районы уадзæн пункты бакæныны фæдыл

ЦХИНВАЛ, 17 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фехъусын кодта, Гуырдзыстонимæ арæн кæй уыдзæн æхгæд, цалынмæ Знауыры районы Уисты хъæумæ хæстæг æнæзаконон пост ист не 'рцæуа, уæдмæ.

Президент майрæмбоны хайад райста Хуссар Иры уæвæг Уæрæсейы ӔФС Арæнгæрон управленийы хыгъдон æмбырды, хъусын кæны йæ пресс-секретарь Гасситы Дина.

Бæстæйы сæргълæууæг уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытимæ фембæлды æрдзырдта мидæггагон политикон уавæрыл дæр æмæ загъта йæ хъуыды Уисты хъæуы уавæр æмæ Ленингоры районы уадзæн пункты бакæныны фæдыл.

"Кæд махæн Знауыры районы проблемæтæ ис, уæд уыцы проблемæтæ хауынц иннæ районтæм дæр. Уымæ гæсгæ, арæн Раздæхæны уыдзæн æхгæд, цалынмæ Уисты хъæумæ хæстæг æнæзаконон пост ист не 'рцæуа, уæдмæ", - бахахх кодта президент.

Бибылты Анатолий ма банысан кодта, Хуссар Ирыстоны кæй хъахъхъæнынц æрмæст сæхи арæнтæ нæ, фæлæ ма Уæрæсейы Федерацийы  арæнтæ дæр.

Хуссар Ирыстоны арӕныл уавӕры эскалаци райдыдта 23 августы, гуырдзиаг полици куы бавнӕлдта блокпосты арӕзтадмӕ Уистӕйы хъӕуы цур, уӕд. Уый фӕстӕ Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад райста мадзӕлттӕ, цӕмӕй бахъахъхъӕна йӕ арӕнтӕ. Республикӕйы генералон прокуратурӕ бакодта уголовон хъуыддаг гуырдзиаг гарзджын тыхты ӕнӕзаконон ахизыны фӕдыл арӕны уылты.

Ног хабӕртты лентӕ
0